‏ Numbers 27

Цалфахады чызджытӕ

1Хеферы фырт Цалфахады (Хефер — Галаады фырт, Галаад — Махиры фырт, Махир — хӕдзарвӕндаджы хистӕр Менассиайы фырт, Менассиа — Йосефы фырт) чызджытӕ — Махла, Ноа, Хогла, Милка ӕмӕ Тирца — 2бацыдысты Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, фӕтӕгтӕ ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы цурмӕ, Фембӕлды Цатыры размӕ, ӕмӕ загътой: 3«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад. 4Фырт ын кӕй нӕй, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ фесӕфа нӕ фыды ном йӕ мыггагӕй? Хай нын скӕн нӕ фыды’фсымӕрты’хсӕн».

5Ӕмӕ сын Моисей сӕ хъуыддаг Дунедарӕджы раз бавдыста.

6Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: 7«Раст зӕгъынц Цалфахады чызджытӕ. Скӕн сын хай сӕ фыды’фсымӕрты’хсӕн ӕмӕ сын сӕ фыды хай ратт.

8Израилӕгтӕн та зӕгъ афтӕ: лӕг амарди ӕмӕ йӕ фӕдыл фырт нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын йӕ зӕххы хай раттут йӕ чызгӕн.

9Чызг ын нӕй, зӕгъгӕ, уӕд та йын йӕ хай раттут йе’фсымӕртӕн.

10Ӕфсымӕртӕ йын нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын йӕ хай раттут йӕ фыды’фсымӕртӕн.

11Фыды’фсымӕртӕ йын куынӕ уа, уӕд-иу ын йӕ хай раттут, йӕ хӕдзарвӕндагӕй йӕм ӕввахсдӕр чи у, уыцы хионӕн. Уый израилӕгтӕн баззайӕд ӕгъдауӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ».

Йешуа — Моисейы фӕдон

12Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Мӕнӕ Аваримы хохмӕ ссу ӕмӕ, израилӕгтӕн цы зӕхх радтон, уымӕ акӕс.

13Ӕмӕ йӕм куы акӕсай, уӕд ды дӕр дӕ адӕмы’хсӕнӕй фӕхъӕудзынӕ, де’фсымӕр Аарон куыд фӕхъуыди, афтӕ. 14Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыстат Цины ӕдзӕрӕг быдыры, адӕм куы сызмӕстой, уӕд: цӕмӕй уыдон, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сӕхи цӕстӕй феной, уыцы суадоны был». (Уыцы суадон уыди Меривайы, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры.)

15Ӕмӕ загъта Моисей Дунедарӕгӕн:

16«Дунедарӕг, ӕппӕт цӕрӕг удтӕн царды комулӕфт дӕттӕг Хуыцау, ацы дзыллӕйӕн сӕ сӕргъы ахӕм адӕймаджы сӕвӕрӕд, 17балцы цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дӕр сӕ разӕй чи цӕуа, йӕ фӕдыл кӕнын сӕ йӕ бон кӕмӕн уа ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ дӕр чи’рбакӕна, цӕмӕй Дунедарӕджы дзыллӕ ӕнӕфыййау дзуджы хуызӕн ма уа».

18Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Райс дӕхимӕ Нуны фырт Йешуайы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр. 19Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, сбарджын ӕй кӕн сӕ разы. 20Дӕ кадӕй йӕ скадджын кӕн, цӕмӕй йӕм израилӕгты дзыллӕ иууылдӕр хъусой. 21Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».

22Бакодта Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ: Йешуайы сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз ӕрлӕууын кодта, 23йӕ арм ыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ӕххӕстбарджын скодта, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Copyright information for OssIBT2022