Numbers 28
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой. 3Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты. 4Иу уӕрыкк-иу райсомӕй акусарт кӕн, иннӕ — дыууӕизӕрастӕу. 5Хуымилиагӕн та — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы иу дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй. 6Уый — ӕппӕты фыццаг Синайы хохыл хаст чи ӕрцыди, ӕрвылбоны уыцы арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф. 7Йемӕ — сӕн: алы уӕрыккӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай; уаз бынаты-иу акал сӕн Дунедарӕгӕн. 8Иннӕ уӕрыччы та, сӕумӕрайсом цы хуымилиаг ӕмӕ сӕны хуын ӕрбахӕссат, ахӕмимӕ дыууӕизӕрастӕу акусарт кӕн арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 9Сабаты та — дыууӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы, семӕ — хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы сӕнимӕ. 10Уый — сабаты иууылсудзинаг, ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сӕнӕй уӕлдай. 11Уӕ мӕйноджы бӕрӕгбӕтты та-иу Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн акусарт кӕнут дыууӕ ӕнӕсахъат уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты. 12Алы уӕныгимӕ — йӕ хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы; алы фыры хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаджы. 13Алы уӕрыккимӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай. Уый у иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 14Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр. 15Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн. 16Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн. 17Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон дӕр — бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы донгонд гуылтӕ хӕрын ӕмбӕлы. 18Фыццаг бон — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут. 19Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 20Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ цыппӕрӕймаджы — алы уӕныгимӕ, дыууӕ дӕсӕймаджы — фыримӕ, 21иу дӕсӕймаг — алы уӕрыккимӕ. 22Ӕмӕ ма иу цӕу та — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл. 23Ӕрвылбон кӕй хӕссут, сӕумӕрайсомы уыцы иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма-иу уыдон дӕр кӕнут. 24Афтӕ авд боны дӕргъы, алы бон дӕр, цӕттӕ кӕнут хойраг арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн; ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн. 25Ӕвдӕм бон та — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут. 26Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут. 27Ӕмӕ-иу ӕрхӕссут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд нӕлгуисты. 28Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — алы уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн, 29иу дӕсӕймаг — авд уӕрыккӕй алкӕцыйӕн дӕр. 30Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй. 31Ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хуымилиагӕй уӕлдай ма хӕссын хъӕуы ацы нывӕндтӕ сӕнимӕ.
Copyright information for
OssIBT2022