‏ Numbers 29

1Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон та уын уӕд уазӕмбырд, мацы куыст кӕнут, уыцы бон-иу сыкъауадындзты уасын хъуысӕд.

2Акусарт-иу кӕнут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр, авд фыргуисты — ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 3Семӕ сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн, 4иу дӕсӕймаг — авд уӕрыккӕй алкӕмӕн дӕр.

5Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.

6Мӕйноджы ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывӕндтӕй уӕлдай ма, сӕ хуымилиаг ӕмӕ, ӕгъдау кӕй домы, уыцы сӕнимӕ, ацы нывӕндтӕ дӕр хӕссын хъӕуы Дунедарӕгӕн. Уый у арты нывонд, ӕхцон хӕрздӕф Дунедарӕгӕн.

7Уыцы мӕйы дӕсӕм бон та уын уӕд уазӕмбырд; ком-иу дарут ӕмӕ-иу мацы бакусут.

8Иууылсудзинаг нывонд-иу ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 9Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн, 10иу дӕсӕймаг хай та — авд уӕрыккӕй алкӕцыйӕн дӕр.

11Иу цӕу — тӕригъӕды нывондӕн, ссыгъдӕджы охыл тӕригъӕды нывонд ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай, сӕ хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ.

12Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бон уын уӕд уазӕмбырд, мацы-иу бакусут. Дунедарӕджы бӕрӕгбон авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут 13ӕмӕ-иу иууылсудзинагӕн, арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, акусарт кӕнут ӕртындӕс уӕныджы, дыууӕ фыры ӕмӕ цыппӕрдӕс нӕлгуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 14Семӕ сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — ӕртындӕс уӕныгӕй алкӕцыйӕн дӕр, фӕйнӕ дыууӕ дӕсӕймаджы — дыууӕ фырӕн, 15иу дӕсӕймаг — цыппӕрдӕс уӕрыккӕй алкӕцыйӕн дӕр.

16Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕд хуымилиаг ӕмӕ сӕн ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.

17Дыккаг бон та — дыууадӕс уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 18Семӕ хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

19Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.

20Ӕртыккаг бон — иуӕндӕс уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 21Семӕ — хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

22Ӕмӕ иу сӕгъ — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.

23Цыппӕрӕм бон — дӕс уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.

24Семӕ хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

25Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.

26Фӕндзӕм бон — фараст уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс нӕлгуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 27Семӕ — хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

28Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕй уӕлдай.

29Ӕхсӕзӕм бон — аст уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.

30Семӕ хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

31Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕй уӕлдай.

32Ӕвдӕм бон — авд уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 33Семӕ — хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

34Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕй уӕлдай.

35Ӕстӕм бон уын уӕд уазӕмбырд; мацы куыст кӕнут. 36Ӕмӕ-иу иууылсудзинагӕн, арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, акусарт кӕнут иу уӕныг, иу фыр, авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ. 37Семӕ хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕныг, фыр ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.

38Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд хӕссут, хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕй уӕлдай.

39Дунедарӕгӕн ӕппӕт уыцы нывӕндтӕ хӕссут нысангонд бонты, сомы бакӕнгӕйӕ кӕнӕ Йын барвӕндонӕй ӕд хуымилиаг ӕмӕ сӕн цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссут, уыдонӕй уӕлдай».
Copyright information for OssIBT2022