Numbers 3
Аароны фырттӕ
1Мӕнӕ, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисеимӕ куы дзырдта, уӕд Аарон ӕмӕ Моисейӕн цы байзӕддӕгтӕ уыдис, уыдон. 2Аароны фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Надав, уый фӕстӕ Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар — 3Аароны фырттӕ, сауджынлӕггадӕн сӕрст чи ӕрцыди, уыдон. 4Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ
5Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 6«Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной. 7Аароны бӕсты дӕр ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы бӕсты дӕр уыдон хъуамӕ лӕггад кӕной Фембӕлды Цатыры: Уаз Цӕрӕны алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. 8Уыдон ӕппӕт израилӕгты бӕсты лӕггад кӕнынц Уаз Цӕрӕны ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт Фембӕлды Цатыры мигӕнӕнтӕ. 9Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты. 10Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы». 11Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 12«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн. 13Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».Левитты нымӕц
14Дунедарӕг Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры загъта: 15«Банымай Левийы байзӕддӕгты хӕдзаргай, мыгаггай; нӕлгоймагӕй дзы чидӕриддӕр ис, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, уыдоны се’ппӕты дӕр банымай». 16Ӕмӕ сӕ банымадта Моисей, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ. 17Мӕнӕ Левийы фырттӕ номхуындӕй: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари. 18Мӕнӕ номхуындӕй Гершоны фырттӕ: Ливни ӕмӕ Шими, сӕ мыггӕгтимӕ; 19Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, сӕ мыггӕгтимӕ; 20Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши, сӕ мыггӕгтимӕ. Уый — Левийы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтимӕ. 21Гершонӕй — Ливнийы мыггаг ӕмӕ Шимийы мыггаг. Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕ. 22Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — авд мин фондзсӕдӕ. 23Гершоны мыггӕгтӕн Цатыры чъылдыммӕ лӕугӕ у, Цатырӕй ныгуылӕнӕрдӕм. 24Гершоны байзӕддӕгты фӕтӕг — Елйасаф, Лаелы фырт. 25Уаз Цӕрӕны Гершоны байзӕддӕгтӕн сӕ бӕрны сты: Цатыр, Цатыры царӕмбӕрзӕн ӕмӕ Цатыры дуарӕмбӕрзӕн, 26Цатыр ӕмӕ кӕрты ӕмбонд нывондхӕссӕны алыварс, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн ӕмӕ бӕндӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. 27Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ. 28Хыгъд сӕ чи ӕрцыди, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — аст мин ӕхсӕзсӕдӕ, уыдон та Уаз Цӕрӕнмӕ сӕ цӕст дардзысты. 29Кехаты байзӕддӕгтӕн Цатырӕй хуссарӕрдӕм лӕугӕ у. 30Кехаты байзӕддӕгты фӕтӕг — Елцафан, Уззиелы фырт. 31Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. 32Левитты фӕтӕгты сӕргъы — Елеазар, сауджын Аароны фырт; уый йӕ цӕст дары, уаз дзауматӕ кӕй бӕрны сты, уыдонмӕ. 33Мерарийӕ — Махлийы мыггаг, Мушийы мыггаг. Уый — Мерарийы байзӕддӕгтӕ. 34Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — ӕхсӕз мин дыууӕсӕдӕ. 35Мерарийы байзӕддӕгты фӕтӕг — Цуриел, Авихаилы фырт; Цатырӕй цӕгатӕрдӕм лӕугӕ у уыдонӕн. 36Мерарийы байзӕддӕгты бӕрны сты: Цатыры хъайвантӕ, ӕвдузӕнтӕ, цӕджындзтӕ, бындуртӕ ӕмӕ ӕппӕт гӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. 37Кӕрты алыварс цы цӕджындзтӕ ис, уыдонӕн сӕ бындуртӕ, цурчытӕ, бӕндӕнтӕ дӕр уыдоны бӕрны сты. 38Цатыры раззаг фарс та, Цатырӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моисей ӕмӕ Ааронӕн йӕ фырттимӕ лӕугӕ у. Израилӕгтӕн се’ппӕты бӕсты Уаз Цӕрӕны уыдон лӕггад кӕнынц. Уаз Цӕрӕнмӕ ӕндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы. 39Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ Моисей ӕмӕ Аарон мыггаггай кӕй банымадтой, уыцы левиттӕ, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕдӕппӕтӕй дыууын дыууӕ мины. 40Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Банымай, иу мӕйӕ уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, Израилы уыцы нӕлгоймӕгтӕй фыццаг зӕнӕг чи у, уыдоны се’ппӕты дӕр номхуындӕй ӕмӕ сын сӕ нымӕц сбӕрӕг кӕн. 41Ӕз — Дунедарӕг! Рахицӕн кӕн левитты Мӕнӕн израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — израилӕгты фосы фыццаг цӕуӕты ныхмӕ». 42Банымадта Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ, Израилы нӕлгоймӕгтӕй фыццаг зӕнӕг чидӕриддӕр уыди, уыдоны се’ппӕты дӕр. 43Иу мӕйӕ уӕлӕмӕ сӕ кӕуыл цӕуы, уыцы фыццаггуырд нӕлгоймӕгтӕ уыдысты дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ. 44Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 45«Райс левитты Израилы фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — уыдоны фосы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн: Ӕз — Дунедарӕг. 46Израилы фыццаг зӕнӕг левиттӕй цы дыууӕ сӕдӕ ӕвдай ӕртӕ адӕймаджы фылдӕр у, 47уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы. 48Ратт уыцы ӕвзист Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, левиттӕй ивд чи не’рцыд, уыдоны балхӕныны охыл». 49Моисей, левиттӕй ивд чи не’рцыд, уыдоны ныхмӕ райста ӕвзист: 50иу мин ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй. 51Моисей радта уыцы ӕвзист Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022