‏ Numbers 30

1Моисей израилӕгтӕн рафӕзмыдта, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.

2Моисей израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:

3„Исчи Дунедарӕгӕн сомы куы ракӕна кӕнӕ истӕмӕй йӕхицӕн тобӕ куы зӕгъа, уӕд хъуамӕ йӕ дзырд ма фӕсайа, цыдӕриддӕр загъта, уый сӕххӕст кӕна.

4Сылгоймаг йӕ фыды хӕдзары, мойгонд нӕма у, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн ард куы бахӕра кӕнӕ истӕмӕй йӕхицӕн тобӕ куы зӕгъа 5ӕмӕ йын йӕ фыд йӕ ардбахӕрд кӕнӕ йӕ тобӕ куы фехъуса ӕмӕ куы ницы зӕгъа, уӕд сылгоймагӕн йӕ ардбахӕрд дӕр фидар уыдзӕн ӕмӕ йӕ тобӕ дӕр. 6Фыд ӕй куы фехъуса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд та йӕ ардбахӕрд ӕмӕ йӕ тобӕ ӕцӕг нӕ уыдзысты. Дунедарӕг ын ныххатыр кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыд бар нӕ радта.

7Чындзы фӕцӕугӕйӕ, ардбахӕрдтӕ ӕмӕ ӕнӕрхъуыды сомытӕй баст кӕй у, 8уый йӕ сӕрыхицау куы базона ӕмӕ куы ницы зӕгъа, уӕд сылгоймагӕн йӕ ардбахӕрд дӕр ӕмӕ йӕ тобӕ дӕр фидар сты. 9Йӕ сӕрыхицау ӕй куы базона ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд та йын мӕнг сты. Дунедарӕг ын ныххатыр кӕндзӕн. 10Идӕдз кӕнӕ йӕ лӕгӕй хицӕн сылгоймаджы ардбахӕрд та йӕ хъару нӕ сафы.

11Кӕд ӕмӕ йӕ лӕджы хӕдзары бахордта ард ӕмӕ цӕмӕйдӕр, сомы ракӕнгӕйӕ, йӕхицӕн тобӕ загъта, 12йӕ сӕрыхицау та йӕ фехъуыста ӕмӕ ницы загъта, йӕ ныхмӕ нӕ рацыд, уӕд ӕцӕг у йӕ ардбахӕрд, ӕцӕг у йӕ алы тобӕ дӕр. 13Фӕлӕ йын сӕ йӕ сӕрыхицау куы базона ӕмӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд йӕ ардбахӕрд ӕмӕ йӕ тобӕтӕ ӕцӕг нӕ уыдзысты: йӕ сӕрыхицау сӕ фӕмӕнг кодта, ӕмӕ йын Дунедарӕг ныххатыр кӕндзӕн.

14Сылгоймагӕн йӕ цыфӕнды ардбахӕрд дӕр ӕмӕ тобӕ дӕр хъуамӕ йӕ сӕрыхицау сфидар кӕнӕ фӕмӕнг кӕна.

15Фӕлӕ йӕ сӕрыхицау дыккаг бонмӕ йӕхи куы ныхъхъус кӕна, уӕд ын уымӕй йӕ ардбахӕрдтӕ ӕмӕ йӕ тобӕтӕ сфидар кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ куы фехъуыста, уӕд уыцы бон ницы загъта. 16Куы сӕ фехъуса, уымӕй сӕ цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ куы аива, уӕд та йӕ бӕсты тӕригъӕд бафиддзӕн“».

17Уыдон — Дунедарӕг Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыцы ӕгъдӕуттӕ, лӕг ӕмӕ усӕн, фыд ӕмӕ йе’рыгон чызджы’хсӕн, цалынмӕ мойгонд нӕма у ӕмӕ йӕ фыды хӕдзары ис, уӕдмӕ.
Copyright information for OssIBT2022