‏ Numbers 31

1Дунедарӕг загъта Моисейӕн:

2«Израилӕгты маст райс мидианӕгтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ацы дунейӕ ахицӕн уыдзынӕ».

3Ӕмӕ загъта Моисей адӕмӕн: «Уӕ адӕмӕй гӕрзифтонг ӕфсад скӕнут, цӕмӕй мидианӕгты ныхмӕ ралӕууой ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы маст райсой. 4Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — мин, израилаг хӕдзарвӕндӕгтӕ се’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕфсады».

5Ӕмӕ дыууадӕс мин гӕрзифтонг израиладжы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, ӕфсадмӕ бацыдысты. 6Моисей сӕ хӕстмӕ арвыста, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, сӕ разамонӕг — Пинхас, сауджын Елеазары фырт, йӕ къухы — уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕдисы сыкъауадындзтӕ, афтӕмӕй. 7Схӕцыдысты мидианӕгтимӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ ӕмӕ дзы нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны се’ппӕты дӕр ныццагътой. 8Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.

9Мидианӕгты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты та израилӕгтӕ уацары акодтой, сӕ фос, сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ мулк сын иууылдӕр ратӕлӕт кодтой. 10Кӕм цардысты, уыцы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ фидӕрттӕ арты хай бакодтой. 11Се’фтиаг ӕмӕ сӕ амӕттӕгтыл — адӕймагӕй, фосӕй — рахӕцыдысты 12ӕмӕ сӕ — уацайрӕгты дӕр ӕмӕ, цы фӕфос кодтой, уыцы фӕллой ӕнӕхъӕнӕй, — Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕйы раз балӕууын кодтой рӕсӕнуаты, моаваг быдырты, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ.

13Ӕмӕ Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хицӕуттӕ рӕсӕнуатӕй сӕ размӕ рацыдысты. 14Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм. 15Ӕмӕ сын загъта Моисей: «Сылгоймӕгты се’ппӕты дӕр удӕгасӕй ныууагътат? 16Афтӕмӕй та, Балаамы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уыдон израилӕгты бацардыдтой Дунедарӕджы ныхмӕ, цӕмӕй Йыл сӕхи атигъ кӕной ӕмӕ Пеоры’рдӕм фӕуой; ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕйыл рын сыстад. 17Уӕдӕмӕ амарут, нӕлгоймаджы мыггагӕй дзы цыдӕриддӕр сабитӕ ис, уыдоны ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ӕрцыд, уыцы сылгоймӕгтӕй алкӕй дӕр амарут. 18Нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи нӕма ӕрцыд, уыцы ӕнахъом сылыстӕджы та удӕгасӕй ныууадзут уӕхицӕн.

19Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде авд боны фӕут; адӕймаг чи амардта ӕмӕ мардыл чи андзӕвыди, уыдонӕй алчидӕр йӕхи ссыгъдӕг кӕнӕд ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ уацайрӕгтӕ дӕр. 20Цӕрмын ӕмӕ сӕгъы хъуынӕй уӕлӕдарӕс иууылдӕр, стӕй ӕппӕт хъӕдын мигӕнӕнтӕ ӕмбӕлы ссыгъдӕг кӕнын».

21Ӕмӕ загъта сауджын Елеазар, хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕн: «Мӕнӕ уын, Дунедарӕг Моисейӕн цы ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый: 22сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды — 23арты цы нӕ судзы, уыдон иууылдӕр арты ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ сӕ сыгъдӕггӕнӕн донӕй ӕрӕхсут; арты цы судзы, ӕппӕт уыдон та донӕй ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы. 24Уӕ уӕлӕдарӕс дӕр цӕхсут ӕвдӕм бон, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзыстут; уый фӕстӕ уын рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар ис».

25Дунедарӕг загъта Моисейӕн:

26«Сӕрӕй-сӕрмӕ банымай ӕфтиаг — адӕмӕй, фосӕй цы ратӕлӕт кодтам, уый — сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртимӕ. 27Хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ ӕппӕт дзыллӕйы’хсӕн дыууӕ дихы акӕн. 28Хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕй Дунедарӕгӕн хъалон райс, алы фондзсӕдӕйӕ дӕр — фӕйнӕ иуы: адӕмӕй дӕр, стурвосӕй дӕр, хӕрджытӕй дӕр, лыстӕг фосӕй дӕр. 29Уыдон, цы хай сӕм хауы, уымӕй рахицӕн кӕн ӕмӕ сӕ, Дунедарӕгӕн скувынӕн, сауджын Елеазарӕн ратт.

30Израилӕгтӕм цы хауы, уымӕн та йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕм хайӕ дӕр — адӕмӕй, стуртӕй, хӕрджытӕй, лыстӕг фосӕй, ӕппӕт хӕдзарон фосӕй — иу сӕр рахицӕн кӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн ратт».

31Ӕмӕ бакодтой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

32Ӕмӕ ӕфтиаг исбон, хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕ кӕй айстой, уый нӕ нымайгӕйӕ, уыдис: ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз мин сӕры — лыстӕг фос, 33стурвос — ӕвдай дыууӕ мины, 34хӕрджытӕ — ӕхсай иу мин, 35адӕймӕгтӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи нӕма ӕрцыд, ахӕм сылыстӕг, ӕдӕппӕтӕй — ӕртын дыууӕ мины.

36Хӕсты чи уыди, уыдоны хайы, куы сӕ банымадтой, уӕд разынди: ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ — лыстӕг фос, 37уыдонӕй Дунедарӕджы хъалон — ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз; 38стурвос — ӕртын ӕхсӕз мины, уыдонӕй ӕвдай дыууӕ — Дунедарӕджы хъалон; 39хӕрджытӕ — ӕртын мин фондзсӕдӕ, уыдонӕй ӕхсай иу — Дунедарӕджы хъалон; 40уацайрӕгтӕ — ӕхсӕрдӕс мины, уыдонӕй ӕртын дыууӕ — Дунедарӕджы хъалон.

41Ӕмӕ радта Моисей сауджын Елеазарӕн Дунедарӕджы хъалон, Йӕ мысайнаг, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

42Израилӕгтӕн цы хай райста Моисей, хӕцгӕ чи кодта, уыдоны тӕлӕтӕй, 43уый та дзыллӕйы уыди: ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ — лыстӕг фос; 44стурвос — ӕртын ӕхсӕз мины; 45хӕрджытӕ — ӕртын мин фондзсӕдӕ; 46уацайрӕгтӕ — ӕхсӕрдӕс мины.

47Израилӕгтӕм цы хауд, уымӕн Моисей йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууисӕдзӕй дӕр иу рахицӕн кодта — уацайрӕгтӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр — ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ радта.

48Ӕрбалӕууыдысты Моисеймӕ ӕфсады хицӕуттӕ, минтӕ ӕмӕ сӕдӕты сӕргълӕуджытӕ. 49Загътой Моисейӕн: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ бӕрны чи уыди, уыцы ӕфсӕддонты банымадтам, ӕмӕ дзы иу дӕр нӕ фӕхъуыд. 50Ӕмӕ мах, цӕмӕй Дунедарӕджы раз сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй Дунедарӕгӕн мысайнагӕн ӕрбахастам, йӕ къухы нӕ кӕмӕн цы бафтыд, уый: сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ, цонгдарӕнтӕ, ӕргъӕвджытӕ, къухдарӕнтӕ, хъусцӕджытӕ ӕмӕ хъуырылдаргӕ фӕлындӕнтӕ».

51Ӕмӕ сын райстой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар сӕ сыгъзӕринтӕ, алыхуызон фӕлындӕнтӕ. 52Ӕмӕ Дунедарӕгӕн мысайнагӕн цы сыгъзӕрин ӕрбацыд мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕй, уый ӕдӕппӕтӕй уыди ӕхсӕрдӕс мин авдсӕдӕ фӕндзай шекелы.

53Ӕфсӕддонтӕй алчи тыхтона кодта йӕхи пайдайӕн.

54Ӕмӕ сыгъзӕрин райстой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕй ӕмӕ йӕ, израилӕгтӕ Дунедарӕджы сӕ зӕрдыл кӕй дарынц, уый нысанӕн Фембӕлды Цатырмӕ бахастой.
Copyright information for OssIBT2022