Numbers 32
1Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты. 2Бацыдысты Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ Моисеймӕ, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕм ӕмӕ загътой: 3«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон — 4Дунедарӕг израилӕгты цӕстыты раз кӕй ӕрцавта, уыцы зӕхх стурвосы зӕхх у, ӕмӕ дӕ цагъартӕм та ис рӕгъӕуттӕ». 5Загътой: «Кӕд нӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд уыцы зӕхх ратт махӕн, Иорданы сӕрты нӕ ма ахизын кӕн». 6Ӕмӕ загъта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн: «Уе’фсымӕртӕ хӕстмӕ ацӕудзысты, сымах та ам баддзыстут? 7Цӕмӕн ардаут израилӕгты, цӕмӕй ма ацӕуой, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм? 8Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой, Кадеш-Барнеайӕ сӕ, уыцы бӕстӕм ӕркӕсут, зӕгъгӕ, куы арвыстон, уӕд. 9Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой. 10Ӕмӕ рафыхт уыцы бон Дунедарӕджы маст, ӕмӕ басомы кодта: 11„Нӕ фендзысты, Мысырӕй чи рацыд, уыцы адӕм, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон, Ӕз Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ бакастысты. 12Ӕрмӕстдӕр кенизаг Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуа сӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон“. 13Ӕмӕ рафыхти Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры фӕракӕн-бакӕн кодта, цалынмӕ, Дунедарӕджы цӕсты фыдгӕнӕг чи уыди, уыдоны мыггаг сыскъуыди, уӕдмӕ. 14Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца. 15Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат, уӕд ма израилӕгты ноджыдӕр фӕдардзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ сӕ бынтондӕр бацарӕфтыд кӕндзыстут». 16Уӕд ӕм бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ фосы дзугтӕн ам уӕтӕртӕ сараздзыстӕм, нӕ сабитӕн — сахартӕ. 17Нӕхӕдӕг та гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстӕм израилӕгты разӕй, цалынмӕ сӕ нӕ бахӕццӕ кӕнӕм сӕ бынатмӕ, уӕдмӕ; не’нахъом сабитӕ та, ацы бӕстӕйы цӕрджытӕй сын тас кӕм нӕ уа, ахӕм фидаргонд сахарты баззайӕнт. 18Не’рбаздӕхдзыстӕм нӕ хӕдзӕрттӕм, цалынмӕ израилӕгтӕй алчидӕр йӕ хай нӕ райса, уӕдмӕ. 19Мах уыдонимӕ хай нӕ райсдзыстӕм Иорданы фаллаг фарс, уымӕн ӕмӕ Иорданӕн йӕ ацы, скӕсӕнварс, исӕм хай». 20Моисей сын загъта: «Кӕд афтӕ бакӕнат ӕмӕ Дунедарӕджы раз гӕрзифтонгӕй хӕстмӕ ацӕуат, 21Дунедарӕджы раз Иорданы сӕрты ахизат ӕмӕ, цалынмӕ Уый Йе знӕгты зӕхх нӕ байса 22ӕмӕ бӕстӕ нӕ басӕтта, уӕдмӕ тох кӕнат, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, ӕназым уыдзыстут Дунедарӕг ӕмӕ Израилы раз, ӕмӕ ацы бӕстӕ сымахӕн баззайдзӕн. 23Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут. 24Аразут сахартӕ уе’нахъом сабитӕн ӕмӕ уӕтӕртӕ уӕ лыстӕг фосӕн, уӕ дзырдӕн хицау ут». 25Ӕмӕ загътой Моисейӕн Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ: «Дӕ цагъартӕ, нӕ хицау цы зӕгъа, уый бакӕндзысты. 26Не’нахъом сабитӕ, нӕ бинойнӕгтӕ, нӕ рӕгъӕуттӕ, не’ппӕт фос баззайдзысты уым, Галаады сахарты. 27Дӕ цагъартӕ та, нӕ бардар куыд зӕгъы, афтӕ гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз хӕстмӕ ацӕудзысты». 28Ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста Моисей сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ израилаг хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕн. 29Загъта Моисей: «Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ кӕд иууылдӕр Дунедарӕджы раз гӕрзифтонгӕй Иорданы сӕрты уемӕ ахизой ӕмӕ бӕстӕ саст ӕрцӕуа, уӕд-иу Галаады зӕхх уыдонӕн раттут. 30Кӕд ӕмӕ гӕрзифтонгӕй уемӕ нӕ ацӕуой, уӕд та уе’хсӕн райсдзысты хай Ханааны». 31Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ загътой: «Дунедарӕг дӕ цагъартӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм. 32Мах гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз ацӕудзыстӕм Ханааны бӕстӕм, ӕмӕ нын Иорданӕн йӕ ацы фарс хай уӕд». 33Ӕмӕ радта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн, стӕй Йосефы фырт Менассиайы байзӕддӕгты ӕрдӕгӕн аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы бӕстӕтӕ сӕ сахартӕ ӕмӕ алфамбылай зӕххытимӕ. 34Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер, 35Атарот-Шофан, Йазер ӕмӕ Йагбеха, 36Бет-Нимра ӕмӕ Бет-Харан — бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ, фосдарӕнтӕ. 37Рувимы байзӕддӕгтӕ ногӕй сарӕзтой Хешбон, Елале ӕмӕ Кирйатаим, 38Нево ӕмӕ Баал-Меон (ацы сахартӕн сӕ нӕмттӕ аивтой), стӕй Сивма. Ногӕй цы сахартӕ сарӕзтой, уыдонӕн ног нӕмттӕ радтой. 39Аморӕгтӕ Галаады цардысты. Бацыдысты уырдӕм Менассиайы фырт Махиры фырттӕ ӕмӕ йӕ сӕхи бакодтой, аморӕгты фӕтардтой. 40Моисей радта Галаад Махиры, Менассиайы фырты, байзӕддӕгтӕн, ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой. 41Менассиайы фырт Иаир цалдӕр хъӕуы бацахста ӕмӕ сӕ Иаиры хъӕутӕ схуыдта. 42Новах дӕр Кенаты сахар ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ йӕхи бакодта ӕмӕ йӕ Новах, зӕгъгӕ, йӕхи номӕй рахуыдта.
Copyright information for
OssIBT2022