‏ Numbers 33

1Мӕнӕ Моисей ӕмӕ Аароны разамындӕй Мысырӕй чи рацыд, уыцы израилӕгты балцвӕндӕгтӕ сӕ хӕстон къордтӕм гӕсгӕ.

2Моисей ӕрфыста, Дунедарӕджы ныхасӕй-иу рӕсӕнуатӕй кӕм фенкъуыстысты ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл дарддӕр цы рӕттӕй ацыдысты, уыдон.

3Рамсесӕй рараст сты фыццаг мӕйы фынддӕсӕм бон; Куадзӕны нывонд куы ӕрхастой, уымӕн йӕ дыккаг бон рацыдысты израилӕгтӕ бӕрзонд къухдариуӕджы бын ӕппӕт мысырӕгты цӕсты раз, 4мысырӕгтӕ, Дунедарӕг кӕй ӕрцавта, сӕ уыцы хистӕр фыртты мӕрдтӕ куы ныгӕдтой, Дунедарӕг сын сӕ хуыцаугӕндты куы ныффалгӕрон кодта, уӕд. 5Рараст сты израилӕгтӕ Рамсесӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Суккоты.

6Рараст сты Суккотӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Етамы, ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон.

7Етамӕй рараст сты ӕмӕ, Баал-Цефоны раз чи ис, уыцы Пи-Хахиротмӕ баздӕхтысты ӕмӕ Мигдолы раз скодтой рӕсӕнуат.

8Пи-Хахиротӕй рацыдысты ӕмӕ денджызы астӕуты ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахызтысты; ӕртӕ бонцауы фӕцыдысты Етамы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Марайы.

9Марайӕ рараст сты ӕмӕ Елиммӕ ӕрбацыдысты, Елимы та уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз финик бӕласы, ӕмӕ уым рӕсӕнуат скодтой.

10Елимӕй рараст сты ӕмӕ Сырх денджызы был рӕсӕнуат скодтой.

11Сырх денджызӕй рараст сты ӕмӕ Сины ӕдзӕрӕг быдыры рӕсӕнуат скодтой.

12Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Дофкайы.

13Дофкайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алушы.

14Алушӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Рефидимы, ӕмӕ уым адӕмӕн дон нӕ уыди бануазынмӕ.

15Рараст сты Рефидимӕй ӕмӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры рӕсӕнуат скодтой.

16Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Киврот-Хаттавайы.

17Рараст сты Киврот-Хаттавайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Хацероты.

18Хацеротӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ритмайы.

19Рараст сты Ритмайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Риммон-Перецы.

20Риммон-Перецӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ливнӕйы.

21Рараст сты Ливнӕйӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Рисайы.

22Рисайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Кегелатайы.

23Рараст сты Кегелатайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Шеферы хохы рӕбын.

24Шеферы хохӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Харадайы.

25Рараст сты Харадайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Макхелоты.

26Макхелотӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Тахаты.

27Рараст сты Тахатӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Тарахы.

28Тарахӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Миткайы.

29Рараст сты Миткайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Хашмоны.

30Хашмонӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Мосероты.

31Рараст сты Мосеротӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Бен-Йаканы.

32Бен-Йаканӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Хор-Агидгады.

33Рараст сты Хор-Агидгадӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Иотватайы.

34Иотватайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Авронайы.

35Рараст сты Авронайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ецион-Геверы.

36Ецион-Геверӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цины ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ иннӕ ном — Кадеш.

37Рараст сты Кадешӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Оры хохы, Едомы бӕстӕйы арӕнмӕ ӕввахс.

38Ӕмӕ сауджын Аарон Дунедарӕджы ныхасӕй ссыди Оры хохмӕ ӕмӕ уым амарди — израилӕгтӕ Мысыры бӕстӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ цыппорӕм азы фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон. 39Аарон Оры хохы сӕр куы амарди, уӕд ыл цыди сӕдӕ дыууын ӕртӕ азы.

40Ӕмӕ фехъуыста Ханааны паддзах Арад, Ханааны бӕстӕн йӕ хуссары цӕрӕг, израилӕгтӕ ӕрбацӕуынц, уый.

41Рараст сты уыдон Оры хохӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цалмонайы.

42Цалмонайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Фуноны.

43Рараст сты Фунонӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Овоты.

44Овотӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ийе-Хаваримы, Моавы арӕныл.

45Рараст сты Ийимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Дивон-Гады.

46Дивон-Гадӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алмон-Дивлатаимы.

47Рараст сты Алмон-Дивлатаимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Аваримы хӕхты, Невойы раз.

48Аваримы хӕхтӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ. 49Рӕсӕнуат скодтой Иорданы цур, Бет-Йешимотӕй Авел-Шиттимы онг, Моавы быдырты.

50Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ:

51«Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Иорданы сӕрты Ханааны бӕстӕм куы ахизат, 52уӕд ын йӕ цӕрджыты се’ппӕты дӕр фӕсурут уырдыгӕй, ныффалгӕрон сын кӕнут сӕ хуыцаугӕндты нывтӕ ӕмӕ джиппыуагъд сурӕттӕ, сӕ кувӕн къуыбыртӕ сын иууылдӕр сӕмлӕгъз кӕнут. 53Байсут уыцы зӕхх ӕмӕ дзы ӕрбынат кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уыцы бӕстӕ сымахӕн дӕттын. 54Хӕлттӕм гӕсгӕ байуарут бӕстӕ уӕ хӕдзарвӕндӕгтыл. Стырдӕр мыггӕгтӕн скӕнут стырдӕр хӕйттӕ, сӕ нымӕц бирӕ кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та — къаддӕр хӕйттӕ. Халмӕ гӕсгӕ кӕмӕ цы хай ӕрхауа, уым уыдзӕн йӕ бынат. Уӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн адих кӕнут зӕхх.

55Ацы бӕстӕйы цӕрджыты куынӕ фӕсурат уӕ цурӕй, уӕд та, кӕй дзы ныууадзат, уыдон уӕ цӕстытӕн какон сындзытау уыдзысты, уӕ фӕрстӕ уын судзинтау рӕхойдзысты, цы бӕстӕйы ӕрцардыстут, уым уӕ тыхсын кӕндзысты. 56Ӕмӕ уӕд, уыдонӕн цы хъавыдтӕн, уый Ӕз сымахӕн бакӕндзынӕн».
Copyright information for OssIBT2022