‏ Numbers 34

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс: Ханааны бӕстӕм куы бацӕуат, уӕд, уӕ хай цы зӕхх бауыдзӕн, уымӕн уыдзӕнис ахӕм арӕнтӕ: 3уӕ бӕстӕйы хуссайраг хай райдайдзӕн Цины ӕдзӕрӕг быдыры, Едомы арӕнӕй. Скӕсӕны уӕ хуссайраг арӕн йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕронӕй, 4базилдзӕни Маале-Акрабиммӕ, Цины уылты ацӕудзӕн, Кадеш-Барнеайы хуссаргӕрӕтты ӕрзилдзӕн, Хацар-Адурмӕ рахиздзӕн ӕмӕ Ацмонмӕ бахӕццӕ уыдзӕн. 5Уырдыгӕй азилдзӕн Мысыры лӕнкмӕ ӕмӕ денджызмӕ бахӕццӕ уыдзӕн, 6ныгуылӕйнаг арӕн та уын Стыр денджыз уыдзӕн, уый уыдзӕн уӕ ныгуылӕйнаг арӕн.

7Уӕ цӕгатаг арӕн: Стыр денджызӕй йӕ Оры хохмӕ фӕнысан кӕнут. 8Оры хохӕй Хаматмӕ йӕхи айтындздзӕн ӕмӕ Цедады балӕудзӕн. 9Ахӕццӕ уыдзӕни Зифронмӕ ӕмӕ уырдыгӕй аххӕсдзӕни Хацар-Энанмӕ. Уый уыдзӕн уӕ цӕгатаг арӕн.

10Скӕсӕйнаг арӕн: Хацар-Энанӕй — Шефаммӕ. 11Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн. 12Ӕрхиздзӕн арӕн Иорданмӕ ӕмӕ йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕрӕтты. Уый уын уӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй, йӕ арӕнтимӕ».

13Ӕмӕ бафӕдзӕхста Моисей израилӕгтӕн: «Мӕнӕ ацы бӕстӕ сымах хӕлттӕм гӕсгӕ схӕйттӕ кӕндзыстут фараст ӕмӕ ӕрдӕг хӕдзарвӕндаджы’хсӕн, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ. 14Уымӕн ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, стӕй Гады байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе’мбис сӕ хай райстой. 15Дыууӕ хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы ӕрдӕг сӕ хай райстой Иорданы иннӕ фарс, скӕсӕны, Йерихоны бакомкоммӕ».

16Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: 17«Мӕнӕ, бӕстӕ уын чи хӕйттӕ кӕндзӕн, уыцы лӕгты нӕмттӕ: сауджын Елеазар ӕмӕ Йешуа, Нуны фырт. 18Ӕмӕ ма ноджы фӕйнӕ иу фӕтӕджы снысан кӕнут алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр зӕхх адих кӕнынмӕ. 19Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт. 20Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — Самуел, Аммиуды фырт. 21Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — Елидад, Кислоны фырт. 22Даны хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Букки, Иаглийы фырт. 23Йосефы байзӕддӕгтӕй, Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй, — фӕтӕг Ханниел, Ефоды фырт. 24Ефремы хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Кемуел, Шифтаны фырт. 25Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Елицафан, Парнахы фырт. 26Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Палтиел, Аззаны фырт. 27Асиры хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Ахиуд, Шеломийы фырт. 28Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Педаел, Аммиуды фырт».

29Уыдон — Дунедарӕг Ханааны зӕхх израилӕгты’хсӕн байуарын кӕмӕн бафӕдзӕхста, уыцы адӕймӕгтӕ.
Copyright information for OssIBT2022