Numbers 35
Левитты аст ӕмӕ дыууиссӕдз сахары
1Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы раз, Йерихоны бакомкоммӕ: 2«Зӕгъ израилӕгтӕн, цӕмӕй сӕ исбоны хӕйттӕй левиттӕн сахартӕ раттой цӕрынӕн, ӕмӕ сын уыцы сахарты алфамбылай быдыртӕ дӕр раттут. 3Сахартӕ сын цӕрынӕн уыдзысты, быдыртӕ та — сӕ фосӕн ӕмӕ сӕ царды алы хабӕрттӕн. 4Левиттӕн сахарты алыварс цы быдыртӕ дӕттут, уыдон сахары сисы ӕдде алырдӕм дӕр хъуамӕ уой мингай ӕлмӕринтӕ. 5Рабарут фӕссахар дыууӕ мин ӕлмӕрины скӕсӕнӕрдӕм, хуссарӕрдӕм дӕр — дыууӕ ӕлмӕрины, ныгуылӕнӕрдӕм дӕр — дыууӕ ӕлмӕрины, цӕгатӕрдӕм дӕр — дыууӕ ӕлмӕрины, сахар та — астӕуӕй. Уыдон уыдзысты хизӕн быдыртӕ сӕ сахарты алыварс. 6Левиттӕн кӕй раттат, уыцы сахартӕй ӕхсӕз ӕмбӕхсӕндонӕн рахицӕн кӕндзыстут, цӕмӕй-иу лӕгмар уырдӕм алидза; уыдоны ӕдде ма сын раттут ноджы дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сахары. 7Левиттӕн ӕд быдыртӕ кӕй ратдзыстут, уыцы сахартӕ ӕдӕппӕтӕй — аст ӕмӕ дыууиссӕдз. 8Израилӕгты исбонӕй куы дӕттат левиттӕн сахартӕ, уӕд, фылдӕр кӕмӕ ис, уымӕй фылдӕр исут, къаддӕр кӕмӕ ис, уымӕй — къаддӕр. Алчи йӕ хаймӕ гӕсгӕ хъуамӕ ратта йӕ сахартӕй левиттӕн». 9Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 10«Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Иорданыл куы ахизат Ханааны бӕстӕм, 11уӕд уӕхицӕн ӕмбӕхсӕн сахартӕ снысан кӕнут, ӕмӕ-иу ӕнӕбары чи фӕтуджджын ис, уый йӕ сӕр уым бафснайдзӕн. 12Ӕмӕ уын уыдзысты уыцы сахартӕ, йӕ туг чи агуры, уымӕй хи ӕмбӕхсынӕн, цӕмӕй туджджын ма фӕмард уа дзыллӕйы тӕрхоны размӕ. 13Цы сахартӕ раттат, уыдонӕй ӕхсӕз хъуамӕ уой ӕмбӕхсӕндӕттӕ. 14Ӕртӕ сахары раттут Иорданӕн йӕ ацы фарс, ӕртӕ сахары та — Ханааны зӕххыл: ӕмбӕхсӕндонӕн уын уыдзысты уыцы сахартӕ. 15Израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ се’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр уыцы ӕхсӕз сахары ӕмбӕхсӕндон уыдзысты, цӕмӕй уырдӕм алидзын йӕ бон уа, ӕнӕбары искӕй чи амардта, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. 16Исчи ӕфсӕйнагӕй искӕй ныццавта, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ амардта, уӕд ныццӕвӕг у марӕг; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй. 17Амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм дурӕй искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый марӕг у; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй. 18Амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм хъӕдын дзаумайӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый марӕг у; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй. 19Кӕмфӕнды йыл куы бамбӕла, уӕддӕр тугисӕгӕн йӕ бон у марӕджы амарын. 20Фыддӕрагӕн искӕй чи асхойа кӕнӕ йыл барӕй исты чи фӕкӕна ӕмӕ амара; 21йӕ фыдзӕрдӕйӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уымӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй — марӕг у; тугисӕгӕн йӕ бон у, кӕм ыл бамбӕла, марӕджы уым амарын. 22Фӕлӕ ӕнӕбары, ӕвзӕр зӕрдӕ йӕм нӕ дардта, афтӕмӕй искӕй чи асхойа, ӕнӕбары йыл исты дзаума куы фехса 23кӕнӕ, амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм дур ыл ӕнӕбары куы ӕрӕппара ӕмӕ амара, йе знаг нӕ уыд ӕмӕ йӕ уымӕн фыд ракӕнын нӕ фӕндыд, афтӕмӕй, 24уӕд дзыллӕ мӕнӕ ацы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ хъуамӕ равзарой марӕг ӕмӕ тугисӕджы хъуыддаг. 25Дзыллӕ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ йӕ, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарыл фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕной. Цӕрӕд уым уаз сойӕ сӕрст хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ. 26Марӕг, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарӕй куы рацӕуа 27ӕмӕ йыл сахары ӕдде йӕ туджджын куы бамбӕла ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд йӕ тугныккалды аххосджын нӕ уыдзӕн. 28Уымӕн ӕмӕ хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ уый хъуамӕ йе’мбӕхсӕн сахары лӕууыдаид, стыр сауджыны амӕлӕты фӕстӕ та йӕ уӕзӕгмӕ ӕрбаздӕхтаид. 29Уый уын, кӕмдӕриддӕр цӕрат, ӕгъдауӕн ныффидар уыдзӕн фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. 30Лӕг чидӕриддӕр амара — ӕвдисӕнты ныхасмӕ гӕсгӕ маргӕ у ахӕм марӕг, фӕлӕ иунӕг ӕвдисӕны ныхасӕй адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн нӕй. 31Марӕджы балхӕныны ныхмӕ ахӕстаргъ ма исут. Уый ӕнӕмӕнг амарын хъӕуы. 32Ӕмбӕхсӕн сахары чи бамбӕхсти, уый ныхмӕ дӕр ахӕстаргъ ма исут, цӕмӕй хистӕр сауджыны амӕлӕтӕй раздӕр йӕ уӕзӕгмӕ ма ӕрбаздӕха. 33Цы зӕххыл ӕрбынат кодтат, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх тугӕй фӕчъизи вӕййы, ӕмӕ йын, искӕй туг чи ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уымӕн йӕхи тугӕй ис ссыгъдӕг кӕнӕн. 34Нӕй фӕчъизи кӕнӕн, кӕм цӕрут ӕмӕ Ӕз кӕм ӕрбынат кодтон, уыцы бӕстӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, израилӕгты’хсӕн цӕрын».
Copyright information for
OssIBT2022