Numbers 36
Бынтӕ ныууадзыны фӕтк
1Йосефы байзӕддӕгтӕ, Галаады, Менассиайы фырт Махиры фырты, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕрбацыдысты. Моисей ӕмӕ фӕтӕгтӕн, израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн 2загътой: «Дунедарӕг бафӕдзӕхста нӕ хицауӕн, цӕмӕй хӕлттӕм гӕсгӕ байуара зӕхх израилӕгтӕн; нӕ хицауӕн Дунедарӕгӕй фӕдзӕхст у уый дӕр, цӕмӕй не’фсымӕр Цалфахады хай уымӕн йӕ чызджытӕн ратта. 3Фӕлӕ уыдон ӕндӕр израилаг хӕдзарвӕндагмӕ куы смой кӕной, уӕд сӕ хай нӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы нал уыдзӕн; цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кӕной, уыцы хӕдзарвӕндаджы хайыл бафтдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн. 4Израилӕгты ӕрдӕгсӕдӕйон аз ▼▼Ӕрдӕгсӕдӕйон азы (дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы иу хатт) уӕйгонд зӕхх йӕ раздӕры хицауӕн фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцӕуы (Лев 25:23—28). Уый фӕрцы алы израилагӕн дӕр йӕ фыдӕлты зӕххы хаймӕ фӕстӕмӕ раздӕхыны фадат ис (Лев 25:10, 13, 28).
куы ралӕууа, уӕд дӕр уыдоны хай, цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кодтой, уымӕн баззайдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн». 5Ӕмӕ загъта Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы амындӕй: «Рӕстытӕ дзурынц Йосефы байзӕддӕгтӕ. 6Дунедарӕг Цалфахады чызджыты тыххӕй афтӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, кӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуой, уыдонмӕ сӕ бон у смой кӕнын, фӕлӕ сын моймӕ цӕуӕн ис ӕрмӕст сӕхи фыды хӕдзарвӕндагмӕ. 7Цӕмӕй хай иу израилаг хӕдзарвӕндагӕй иннӕмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ алы израилаг дӕр хъуамӕ йӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хайыл фидар хӕца. 8Хай кӕмӕн баззади, уыцы быны чызг та мой хъуамӕ скӕна йӕхи фыды хӕдзарвӕндагмӕ, цӕмӕй израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ фыдӕлты хай йӕхицӕн баззайа, 9цӕмӕй хай иу хӕдзарвӕндагӕй иннӕмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ алы израилаг дӕр хъуамӕ йӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хайыл баст уа». 10Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ бакодтой Цалфахады чызджытӕ. 11Махла, Тирца, Хогла, Милка ӕмӕ Ноа смой кодтой сӕ фыды’фсымӕрты лӕппутӕм. 12Йосефы фырт Менассиайы хӕдзарвӕндаджы чындзытӕ баисты, ӕмӕ сӕ хай сӕхи фыды хӕдзарвӕндагӕн баззади. 13Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.
Copyright information for
OssIBT2022