‏ Numbers 4

1Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 2«Левитты’хсӕн мыггаггай, хӕдзаргай банымайут, Кехаты байзӕддӕгтӕй 3дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се’ппӕты дӕр. 4Кехаты байзӕддӕгтӕн Фембӕлды Цатыры сӕ бӕрны сты иууылуаз дзауматӕ.

5Фӕндагмӕ рӕвдз кӕнгӕйӕ, Аарон йӕ фырттимӕ дуарӕмбӕрзӕн хъуамӕ сиса ӕмӕ дзы Фидыды Чырын ӕрӕмбӕрза, 6йӕ уӕлӕ йын хъуамӕ ӕрытауой сӕрак ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ ӕрӕппарой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, стӕй дзы хъилтӕ атъыссой.

7Дунедарӕджы раз цы фынг ис, ууыл хъуамӕ ӕрытауой ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл равӕрой тӕбӕгътӕ, куыситӕ ӕмӕ кӕхцытӕ, стӕй хъалацтӕ сӕнӕн; иудадзыг ыл цы дзултӕ ӕвӕрынц, уыдон ӕдзухдӕр хъуамӕ уой йӕ уӕлӕ. 8Ӕрӕмбӕрзӕнт сӕ сырх-сырхид ӕмбӕрзӕнӕй, уый та сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕмӕ хъилтӕ ныссадзӕнт.

9Ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕмбӕрзӕнт цырагъдарӕн ӕмӕ йӕ цырӕгътӕ, йе’ртыскӕнтӕ, будсудзӕнтӕ ӕмӕ, йемӕ цы сойы мигӕнӕнтӕ ис, уыдон. 10Стӕй цырагъдарӕн йе’ппӕт мигӕнӕнтимӕ ӕрӕхгӕнӕнт сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕмӕ йӕ хӕссӕныл сӕвӕрӕнт.

11Сыгъзӕрин нывондхӕссӕныл айтындзӕнт ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, уый уӕлӕ — сӕрак ӕмбӕрзӕн ӕмӕ хъилтӕ сӕ бынӕтты атъыссӕнт. 12Райсӕнт, уазлӕггады кӕмӕй пайда кӕнынц, Уаз Цӕрӕны уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр, ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕны сӕ батухӕнт, сӕракӕй сӕ ӕрӕмбӕрзӕнт ӕмӕ сӕ афтӕмӕй хӕссӕныл сӕвӕрӕнт.

13Нывондхӕссӕн йӕ фӕныкӕй расыгъдӕг кӕнӕнт ӕмӕ йыл сӕнт сырх ӕмбӕрзӕн айтындзӕнт, 14уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрӕнт йе’ппӕт мигӕнӕнтӕ: зынгхӕссӕн кӕфойтӕ, фыдисӕнтӕ, белтӕ, тугтадзӕн хъалацтӕ. Сӕрак ӕмбӕрзӕнӕй ӕрӕхгӕнӕнт ӕппӕт уыдон ӕмӕ хъилтӕ атъыссӕнт.

15Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.

16Сауджын Аароны фырт Елеазары бӕрны сты цырагъдарӕны сой, будусудзӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕрвылбоны хойраджы хуын ӕмӕ сӕрдӕн сой. Йӕ бӕрны сты Уаз Цӕрӕн ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон: уаз дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ».

17Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 18«Левитты’хсӕнӕй Кехаты хӕдзарвӕндаг ма бауадзут фесафын. 19Цӕмӕй удӕгасӕй баззайой ӕмӕ, Рухсмонуатмӕ баввахс уӕвгӕйӕ, ма амӕлой, уый тыххӕй сӕм Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ бацӕуой ӕмӕ Кехаты байзӕддагӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хӕссинаг йӕ къухмӕ раттой. 20Кехаты байзӕддагӕн нӕдӕр бацӕуӕн, нӕдӕр сӕ цӕсты кӕронӕй бакӕсӕн ис уаз дзауматӕм, науӕд амӕлдзысты».

21Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 22«Банымай Гершоны байзӕддӕгты дӕр хӕдзаргай ӕмӕ мыггаггай. 23Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны се’ппӕты дӕр. 24Мӕнӕ — Гершоны байзӕддӕгты куыст, сӕ бӕрны цы хӕссинаг ис, уый. 25Уыдон хӕссынц: Уаз Цӕрӕны ӕмбӕрзӕнтӕ, Фембӕлды Цатыр, йе’мбӕрзӕн, йе’ддаг, сӕракӕй конд, ӕмбӕрзӕн, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн, 26кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс кӕрты кулдуарӕмбӕрзӕн, сӕ бӕндӕнтӕ ӕмӕ ӕппӕт кусӕнгӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. 27Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис. 28Уый — Гершоны байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары дӕлбар.

29Мерарийы байзӕддӕгты дӕр мыггаггай, хӕдзаргай банымай. 30Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны иууылдӕр. 31Фембӕлды Цатыры сӕ бӕрны сты ӕмӕ хӕссынц: Цатыры фӕйнӕджытӕ, хъайвантӕ, цӕджындзтӕ ӕмӕ бындуртӕ, 32кӕрты алыварс цӕджындзтӕ — сӕ бындуртӕ, сӕ цурчытӕ ӕмӕ сӕ бӕндӕнтимӕ, стӕй ӕппӕт иннӕ мигӕнӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы. Уыцы хӕс сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис. 33Уый — Мерарийы байзӕддӕгты куыст Фембӕлды Цатыры, сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй».

34Банымадтой Моисей, Аарон ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕ Кехаты байзӕддӕгты хӕдзаргай ӕмӕ мыггаггай, 35дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыди, уыдоны се’ппӕты дӕр. 36Мыггаггай ӕдӕппӕтӕй фыст ӕрцыд дыууӕ мин авдсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы. 37Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕй Фембӕлды Цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдоны нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.

38Гершоны байзӕддӕгтӕ, мыггаггай, хӕдзаргай сӕ сфысгӕйӕ, 39дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй, 40мыггаггай, хӕдзаргай сӕ банымайгӕйӕ, уыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын. 41Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕй Фембӕлды Цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдоны нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.

42Мерарийы байзӕддӕгтӕ, мыггаггай, хӕдзаргай сӕ сфысгӕйӕ, 43дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй, 44мыггаггай, хӕдзаргай сӕ банымайгӕйӕ, уыдысты ӕртӕ мин дыууӕсӕдӕ. 45Уый — Мерарийы байзӕддӕгты нымӕц. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ сӕ Моисей ӕмӕ Аарон банымадтой.

46Ӕдӕппӕтӕй та, Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ Израилы фӕтӕгтӕ мыггаггай ӕмӕ хӕдзаргай кӕй банымадтой, уыцы левиттӕ, 47дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи уыд, уыдон иумӕ 48уыдысты аст мин фондзсӕдӕ ӕстай. 49Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ нымад ӕрцыдысты ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр сбӕлвырд ис йӕ куыст ӕмӕ йӕ хӕс. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой.
Copyright information for OssIBT2022