‏ Numbers 5

Ӕнӕсыгъдӕджыты арвыстӕуыд рӕсӕнуатӕй

1Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 2«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се’ппӕты дӕр. 3Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй сӕ арвитут, цӕмӕй ма чъизи кӕной рӕсӕнуат, уымӕн ӕмӕ Ӕз семӕ дӕн рӕсӕнуаты».

4Ӕмӕ израилӕгтӕ афтӕ бакодтой: ахӕм адӕймӕгты рӕсӕнуатӕй арвыстой. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.

5Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 6«Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг искӕй тӕригъӕды куы бацӕуа ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы ныхмӕ фыддзинад куы ракӕна ӕмӕ куы фӕазымджын уа, 7уӕд йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд ӕмӕ, кӕй бахъыгдардта, уымӕн ӕххӕстӕй бафидӕд, цы йын фӕзиан кодта, уый, уыцы фиддонӕн ма йӕм ноджы йӕ фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. 8Кӕд ӕмӕ, фиддон чи айса, хъыгдард баййафӕгӕн ахӕм ӕввахс хион нӕй, уӕд азым ныббарӕггаг Дунедарӕджы у ӕмӕ сауджынӕн лӕвӕрд цӕуы — тӕригъӕд ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхӕссынц, уыцы фыримӕ.

9Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты. 10Алы сауджын дӕр, цы уаз лӕвӕрттӕ йӕм ӕрбахӕссынц, уыдон йӕхицӕн ныууадзы: сауджынӕн цы рардӕуы, уый йӕ хай у».

Ӕнӕууӕнчы ӕгъдау

11Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 12«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: мӕнӕ сын цы гӕнгӕ у, искӕуыл дзы йӕ ус гадзрахатӕй куы рацӕуа — куы йӕ фӕсайа — 13ӕмӕ искӕй лӕг йемӕ ӕмуат куы’рцӕуа ӕмӕ йыл йӕ мыг куы фӕкала, фӕлӕ йӕ мой уый йӕхӕдӕг куынӕ фена, сылгоймаг сусӕгӕй йӕхи куы фӕчъизи кӕна ӕмӕ йӕ базылын кӕнынӕн йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн куынӕ уа, 14фӕлӕ йӕм уӕддӕр лӕджы зӕрдӕ куы’хсайа ӕмӕ йыл ӕнӕууӕнк куы кӕна, уӕд. Кӕнӕ, сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта, афтӕмӕй йыл йӕ мой ӕнӕхъуаджы ӕнӕууӕнк кӕны, зӕгъгӕ, 15уӕд ӕрбакӕнӕд уыцы лӕг йӕ усы сауджыны размӕ. Йӕ усы тыххӕй сауджынӕн бахӕссӕд хъӕбӕрхоры ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, ӕрмӕст ыл оливӕйы сой ма ӕркалӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд — уыцы хойраджы хуын ӕнӕууӕнчы, багӕды кӕныны фӕдыл кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.

16Дунедарӕджы раз ӕрлӕууын кӕнӕд сауджын сылгоймаджы. 17Ӕркӕнӕд аргъуыд дон дурын мигӕнӕны, Уаз Цӕрӕны астӕрдӕй сыджыт фелвасӕд ӕмӕ йӕ уыцы доны ныппарӕд. 18Ӕрлӕууын кӕнӕд сылгоймаджы Дунедарӕджы раз, йӕ сӕрыхъуынтӕ йын йе уӕхсчытыл ӕркалӕд ӕмӕ йын йӕ къухтӕм раттӕд уыцы хойраджы хуын — багӕды кӕныны хуын, ӕнӕууӕнчы хуын. Сауджыны къухты — маст дон, ӕлгъыст дон, 19афтӕмӕй хъуамӕ ныффӕдзӕхса сылгоймагӕн ӕмӕ йын зӕгъа: „Кӕд ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат не’рцыди, кӕд ӕмӕ дӕ лӕгыл гадзрахатӕй нӕ рацыдтӕ ӕмӕ нӕ фӕчъизи дӕ, уӕд дӕ ацы маст дон, адӕймагыл ӕлгъыст чи ӕфтауы, уый, мацы бахъыгдарӕд! 20Фӕлӕ кӕд дӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыдтӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат ӕрцыди…“ 21Ӕмӕ ацы ран карз ӕлгъыстӕй хъуамӕ фелгъита сауджын сылгоймаджы: „Ӕлгъыстаг дӕ фӕкӕнӕд Дунедарӕг, адӕмы’хсӕн ӕмбисондӕн куыд баззайай, ӕддӕсывӕр, гуыбындымст куыд фӕуай! 22Ацӕуӕд дӕ хуылфы ацы ӕлгъыст дон ӕмӕ дын дӕ гуыбын ныддымсын кӕнӕд, дӕ сывӕр дын федде кӕнӕд“. Ӕмӕ хъуамӕ зӕгъа сылгоймаг: „Аммен! Аммен!“

23Уыцы ӕлгъыстытӕ хъуамӕ сауджын ныффысса тухгӕ чиныджы, фыстытӕ маст донмӕ ӕрӕхса 24ӕмӕ бадара сылгоймагӕн уыцы ӕлгъыст маст дон, цӕмӕй уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы ацӕуа ӕмӕ йыл низ бафтауа.

25Райсӕд сауджын сылгоймаджы къухӕй хойраджы хуын, ӕнӕууӕнчы хуын, Дунедарӕджы раз ӕй хӕрдмӕ сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны размӕ бахӕссӕд. 26Сисӕд уыцы хуынӕй йӕ армыдзаг, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый фӕстӕ сылгоймагӕн дон бадарӕд.

27Уыцы дон ын куы бадара, уӕд, кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи ӕцӕгӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд, уӕд уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы низӕй ацӕудзӕн — йӕ гуыбын ныддымсдзӕн, йӕ сывӕр федде уыдзӕн, ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн сылгоймаг адӕмы’хсӕн. 28Кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта ӕмӕ сыгъдӕг у, уӕд ӕй дон ницы бахъыгдардзӕн, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕуыдзӕн. 29Уый — ӕнӕууӕнчы ӕгъдау, сылгоймаг йӕ лӕгыл гадзрахатӕй куы рацӕуа ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна, 30кӕнӕ та лӕг дызӕрдыджы куы ныххауа ӕмӕ йӕ усыл ӕнӕууӕнк куы кӕна, уӕд. Дунедарӕджы раз ӕрлӕууын кӕнӕнт сылгоймаджы, ӕмӕ йӕ сауджын ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бавзарӕд. 31Ӕмӕ сыгъдӕг уыдзӕни лӕг тӕригъӕдӕй, ус та йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн».
Copyright information for OssIBT2022