Numbers 6
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, назир суӕвыны тыххӕй сӕ исчи куы басомы кӕна, мӕхи Дунедарӕгӕн нывонд кӕнын, зӕгъгӕ, 3уӕд хъуамӕ сӕн ӕмӕ махсымӕйӕ йӕхи хиза, сӕны дзмари ӕмӕ махсымӕйы дзмаримӕ хӕстӕг ма цӕуа, сӕнӕфсирӕй конд нозтытӕй макӕцы нуаза, сӕнӕфсир ӕмӕ сӕнӕфсиры хус йӕ дзыхмӕ ма хӕсса. 4Йӕ назир-бонты дӕргъы йын, сӕнӕфсирӕй конд цыдӕриддӕр хӕринаг ис, аппӕй цъары онг, уыдонӕй хӕрӕн ницы ис. 5Йӕ назир-бонты дӕргъы сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва йӕ сӕрыл. Цалынмӕ, Дунедарӕгӕн йӕхи цы бонты ӕмгъуыдмӕ снывонд кодта, уыдон аивгъуыйой, уӕдмӕ уаз у: хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ рауадза. 6Йӕхи Дунедарӕгӕн цы рӕстӕгмӕ снывонд кодта, уыцы бонты йын мардмӕ хӕстӕг бацӕуӕн нӕй. 7Нӕй йын суанг йӕ фыд, йӕ мад, йе’фсымӕр кӕнӕ йӕ хойы мардыл андзӕвӕн ӕмӕ уымӕй йӕхи фӕчъизи кӕнӕн дӕр: Хуыцауӕн нывондгонд кӕй у, уыцы нысан ис йӕ сӕрыл. 8Йӕ назир-бонты дӕргъы Дунедарӕгӕн нывондгонд у. 9Йӕ цуры ӕнӕнхъӕлӕджы исчи куы амӕла, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕбары йӕ назиры сӕр куы фӕчъизи кӕна, уӕд, цы бон ссыгъдӕг ис, уыцы бон йӕ сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ алвына — йӕ фӕчъизийы фӕстӕ сӕ ӕвдӕм бон алвынӕд. 10Ӕстӕм бон та дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны хъуамӕ ратта сауджынмӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрыл. 11Уыцы мӕргътӕй иу сауджын ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн, ӕмӕ йӕ марды буарыл андзӕвыны тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕд. Назир тӕккӕ уыцы бон йӕ сӕр срухс кӕнӕд, 12ногӕй басомы кӕнӕд Дунедарӕджы раз ӕмӕ фиддоны нывондӕн фыргуист ӕрбакӕнӕд. Уымӕй размӕйы назир-бонтӕ та йын сӕфт сты, уымӕн ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кодта. 13Назиры ӕгъдау ахӕм у. Йе’мгъуыды фӕстаг бон ӕй ӕрбакӕнӕнт Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ. 14Хъуамӕ уыцы ранмӕ Дунедарӕгӕн сӕмбӕлын кӕна: иу ӕнӕсахъат фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн, иу ӕнӕсахъат далыс — тӕригъӕды нывондӕн, иу ӕнӕсахъат фыр — фидыды нывондӕн; 15чыргъӕды — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй донгонд гуылтӕ, оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд тӕнджытӕ, семӕ ма ноджы хойраджы хуын ӕмӕ сӕн. 16Сауджын сӕ хъуамӕ равӕра Дунедарӕджы раз ӕмӕ акусарт кӕна тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд, 17фыр та фидыды нывондӕн ӕрхӕссӕд Дунедарӕгӕн донгонд гуылты чыргъӕдимӕ; сауджын-иу хойраджы хуын ӕмӕ сӕнӕй дӕр скувӕд. 18Фембӕлды Цатыры раз алвынӕд назир йӕ сӕры хил — йӕ сомыйы нысан — ӕмӕ йӕ, фидыды нывонд цы артыл фӕсудзынц, уым баппарӕд. 19Назир йӕ сӕры хил куы алвына, уӕд сауджын хъуамӕ сиса фыры фых базыг, иу донгонд гуыл ӕмӕ иу донгонд тӕнӕг ӕмӕ сӕ назиры ӕрмттыл ӕрӕвӕра. 20Ӕмӕ сӕ сауджын хъуамӕ хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз. Уыдон сты уаз — сауджыны хай, нывонды кӕразимаг ӕмӕ сгуыйӕн уӕлӕмхасӕн. Уый фӕстӕ назирӕн сӕн нуазыны бар ис. 21Уый — сомы ракӕнӕг назиры ӕгъдау. Назир Дунедарӕгӕн нывонд хӕссы, ӕгъдау куыд домы, афтӕ ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай — йӕ бон цы у, уый. Цы сомы ракодта, уый йын, назиры ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, афтӕ ӕххӕстгӕнгӕ у». 22Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 23«Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: афтӕ-иу арфӕ кӕнут израилӕгтӕн: 24„Арфӕ дын ракӕнӕд Дунедарӕгӕмӕ дӕ бахъахъхъӕнӕд!
25Дунедарӕг дӕм рухс цӕстӕй ракӕсӕд
ӕмӕ дын батӕригъӕд кӕнӕд!
26Йе’ргом дӕм раздахӕд Дунедарӕг
ӕмӕ дӕ Йӕ фарнӕй схайджын кӕнӕд!“
27Афтӕ Мын арӕнт Мӕ ном израилӕгты сӕраппонд, ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ арфӕ ӕруадздзынӕн».
Copyright information for
OssIBT2022