Numbers 7
1Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта. 2Уый фӕстӕ израилӕгты фӕтӕгтӕ, сфыст кӕй бӕрны уыд, хӕдзарвӕндӕгты уыцы хистӕртӕ ӕрбацыдысты 3ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ сӕмбӕлын кодтой сӕ хуын: ӕхсӕз ӕмбӕрзт уӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс стуры; иу уӕрдон алы дыууӕ фӕтӕгӕй ӕмӕ фӕйнӕ галы алы фӕтӕгӕй дӕр. Галтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ Уаз Цӕрӕны размӕ ӕрбацыдысты. 4Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 5«Райс сӕ Фембӕлды Цатыры куыстытӕн ӕмӕ сӕ левитты’хсӕн адих кӕн, кӕй дзы цы хъӕуы йӕ куысты, уымӕ гӕсгӕ». 6Моисей уӕрдӕттӕ ӕмӕ галты левиттӕн байуӕрста. 7Дыууӕ уӕрдоны ӕмӕ цыппар галы Гершоны байзӕддӕгтӕн радта сӕ куысты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ, 8цыппар уӕрдоны ӕмӕ аст галы та — Мерарийы байзӕддӕгтӕн, цӕмӕй сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй кусой. 9Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой. 10Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты, 11ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фӕтӕгтӕ радыгай, алчи йӕ боны, хӕссӕнт сӕ хуынтӕ нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн». 12Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй. 13Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 14дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 15гал, фыр ӕмӕ фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 16цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 17дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Нахшоны, Аминадавы фырты, хуын. 18Дыккаг бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Нетанел, Цуары фырт, Иссахары мыггаджы фӕтӕг. 19Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 20дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 21гал, фыр ӕмӕ фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 22цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 23дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Нетанелы, Цуары фырты, хуын. 24Ӕртыккаг бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Зевулоны байзӕддӕгты фӕтӕг Елиав, Хелоны фырт. 25Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 26дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 27гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 28цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 29дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елиавы, Хелоны фырты, хуын. 30Цыппӕрӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг Елицур, Шедеуры фырт. 31Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 32дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 33гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 34цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 35дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елицуры, Шедеуры фырты, хуын. 36Фӕндзӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Симеоны байзӕддӕгты фӕтӕг Шелумиел, Цуришаддайы фырт. 37Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 38дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 39гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 40цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 41дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Шелумиелы, Цуришаддайы фырты, хуын. 42Ӕхсӕзӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Гады байзӕддӕгты фӕтӕг Елйасаф, Деуелы фырт. 43Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 44дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 45гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 46цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 47дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елйасафы, Деуелы фырты, хуын. 48Ӕвдӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг Елишама, Аммиуды фырт. 49Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 50дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 51гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 52цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 53дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елишамайы, Аммиуды фырты, хуын. 54Ӕстӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Менассиайы байзӕддӕгты фӕтӕг Гамлиел, Педацуры фырт. 55Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 56дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 57гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 58цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 59дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Гамлиелы, Педацуры фырты, хуын. 60Фарӕстӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Бениамины байзӕддӕгты фӕтӕг Авидан, Гидеонийы фырт. 61Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 62дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 63гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 64цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 65дыууӕ стуры, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Авиданы, Гидеонийы фырты, хуын. 66Дӕсӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Даны байзӕддӕгты фӕтӕг Ахиезер, Амишаддайы фырт. 67Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 68дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 69гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 70цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 71дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Ахиезеры, Амишаддайы фырты, хуын. 72Иуӕндӕсӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Асиры байзӕддӕгты фӕтӕг Пагиел, Охраны фырт. 73Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 74дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 75гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 76цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 77дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Пагиелы, Охраны фырты, хуын. 78Дыууадӕсӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Неффалимы байзӕддӕгты фӕтӕг Ахира, Енаны фырт. 79Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 80дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 81гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 82цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 83дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Ахирайы, Енаны фырты, хуын. 84Мӕнӕ, нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн Израилы фӕтӕгтӕ йӕ байсӕрдыны бон цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдон: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист хъалацы, дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы; 85дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн — алы тӕбӕгъ дӕр, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн — алы хъалац дӕр; уыцы мигӕнӕнты ӕвзист ӕдӕппӕтӕй, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, ӕрласта дыууӕ мин цыппарсӕдӕ шекелы. 86Хӕрздӕфгӕнӕнтӕй семыдзаг дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы уӕз (алы куыси дӕр — кувӕндоны дӕс шекелы уӕзӕн) иумӕ уыди сӕдӕ дыууын сыгъзӕрин шекелы; 87иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕдӕппӕтӕй — дыууадӕс галы, дыууадӕс фыры, дыууадӕс фыргуисты; дыууадӕс цӕуы — тӕригъӕды нывондӕн; 88цыппар ӕмӕ ссӕдз галы, ӕртиссӕдз фыры, ӕртиссӕдз цӕуы, ӕртиссӕдз фыргуисты — фидыды нывӕндтӕ. Ахӕм хуынтӕ ӕрбахастой нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрсты фӕстӕ. 89Моисей-иу куы бацыди Фембӕлды цатырмӕ, Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ, уӕд-иу Фидыды Чырыны сӕрмӕ дыууӕ херувимы астӕуӕй хъуыста хъӕлӕс. Ахӕм хуызы дзырдта Дунедарӕг йемӕ.
Copyright information for
OssIBT2022