‏ Numbers 8

Цырагъдарӕн

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Ааронӕн зӕгъ: цырӕгътӕ афтӕ равӕрӕд, авд цырагъы цырагъдарӕны раз куыд рухс кӕной».

3Аарон афтӕ бакодта: цырагъдарӕныл цырӕгътӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ равӕрдта. 4Цырагъдарӕн та ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъзӕринӕй конд уыди, йӕ зӕнгӕй йӕ сыфты онг — сыгъзӕрин цагъд; Дунедарӕг ын цы хуызӕг фенын кодта, уый халдихӕн сарӕзта Моисей цырагъдарӕн.

Левитты ныббаст

5Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 6«Фӕхицӕн кӕн левитты израилӕгтӕй ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн. 7Цӕмӕй ссыгъдӕг уой, уый тыххӕй та сын бакӕн афтӕ: бапырх сыл кӕн тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн дон, сӕрдасӕнӕй ӕрдасӕнт сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй, сӕ дарӕс цӕхсӕнт, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзысты. 8Ӕрбакӕнӕнт гал, йемӕ йын ӕрбахӕссӕнт сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хойраджы хуын. Дыккаг гал та — тӕригъӕды нывондӕн. 9Ӕрлӕууын кӕн левитты Фембӕлды Цатыры раз ӕмӕ Израилы дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕн. 10Левитты Дунедарӕджы раз куы ӕрлӕууын кӕнай, уӕд сыл израилӕгтӕ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт, 11ӕмӕ, куыд израилӕгты лӕвар, афтӕ снывонд кӕнӕд левитты Дунедарӕгӕн Аарон. Уый фӕстӕ левиттӕн сӕ бон у Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. 12Левиттӕ та сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт галты сӕртыл: сӕ иу ӕрхӕсдзысты тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн, цӕмӕй левиттӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уой.

13Ӕрлӕууын кӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз ӕмӕ сын сӕ ратт Дунедарӕгӕн хаст нывондау. 14Фӕхицӕн кӕн левитты израилӕгтӕй — левиттӕ Мӕн хъуамӕ уой. 15Куы сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн хаст нывондау куы раттай, уӕд левиттӕн сӕ бон у бацӕуын ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын. 16Мӕнӕн лӕвӕрд сты уыдон иннӕ израилӕгты’хсӕн. Мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ, израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ сӕ Ӕз райстон Мӕхицӕн. 17Израилы фыццаг цӕуӕт — адӕмӕй, фосӕй — Мӕн сты. Мысыры фыццаг зӕнӕджы куы ныццагътон, уӕд сӕ Мӕхицӕн рахицӕн ӕмӕ срухс кодтон. 18Ныр та израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ Ӕз Мӕхицӕн левитты райстон. 19Израилӕгты’хсӕнӕй левитты рахицӕн кодтон ӕмӕ сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн радтон. Ӕппӕт израилӕгты бӕсты хъуамӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕной. Израилӕгтӕн уыдон уыдзысты Фиддоны нывонды бӕсты. Израилӕгтӕ та Уаз Цӕрӕнмӕ ӕввахс нӕ цӕудзысты, цӕмӕй сыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа».

20Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой. 21Ссыгъдӕг сты левиттӕ ӕмӕ цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ. Аарон сӕ нывондау Дунедарӕджы размӕ бакодта, ссыгъдӕг сӕ кодта Аарон, ӕмӕ уыйадыл сыгъдӕг уыдысты. 22Уый фӕстӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын райдыдтой Аарон ӕмӕ йӕ фыртты разамындӕй. Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой.

23Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 24«Левиты хъуыддаг хъуамӕ уа афтӕ: фондз ӕмӕ ссӕдз азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕдӕй фӕстӕмӕ левит лӕггад кӕнӕд Фембӕлды Цатыры. 25Йӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы йӕхи куы фӕуой, уӕд ныууадзӕд йӕ лӕггад — хъуамӕ мауал куса. 26Фембӕлды Цатыр кӕй бӕрны ис, йӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд, фӕлӕ йӕхӕдӕг мауал кусӕд.

Ахӕм уынаффӕтӕ хъуамӕ рахӕссай ды левитты лӕггады фӕдыл».
Copyright information for OssIBT2022