‏ Philippians 1

1Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.

2Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.

Хуыцауӕй бузныг

3Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй. a 4Кӕдфӕнды ма кувон уе’ппӕты тыххӕй дӕр — алы хатт, цингӕнгӕ, фӕкувын. 5Уымӕн ӕмӕ сымах Фарны Уац хъусын кӕныныл архайут фыццаг бонӕй суанг абоны онг. 6Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын. b 7Уе’ппӕтмӕ дӕр ӕз хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсон, уымӕн ӕмӕ сымах цӕрут мӕ зӕрдӕйы. Уе’ппӕт — ныртӕккӕ, ахӕстоны куы дӕн, уӕд дӕр, Фарны Уацы сӕрыл куы хӕцыдтӕн, уӕд дӕр ӕмӕ, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууыдтӕн, уӕд дӕр — мемӕ иумӕ архайдтат, мӕнӕн нысандгонд чи у, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. 8Уе’ппӕты дӕр Йесо Чырыстийы уарзтӕй кӕй уарзын, уымӕн Хуыцау — ӕвдисӕн. 9Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад, 10цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау, c 11Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн. d

Чырыстиимӕ удӕнгом цард

12Фӕнды мӕ, ме’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз Фарны Уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн; 13ӕмӕ ӕз Чырыстийы сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый базыдтой галуаны ӕппӕт хъахъхъӕнджытӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр. e 14Ӕмӕ, ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Бардарӕгыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас. f

15Раст зӕгъын хъӕуы, иуӕй-иутӕ сӕ хӕлӕгӕй ӕмӕ сӕхи кады сӕраппонд дзурынц Чырыстийы тыххӕй, иннӕтӕ та — сыгъдӕг зӕрдӕйӕ. g 16Иутӕ — уарзты сӕрвӕлтау, Фарны Уацы сӕрылхӕцӕгӕй мӕн Хуыцау сӕвӕрдта, уый зонгӕйӕ. 17Иутӕн сӕ зӕрдӕ сыгъдӕг нӕу — Чырыстийы тыххӕй дзурынц хи уӕлдӕр сӕвӕрыны тыххӕй, бӕлгӕ та кӕнынц, мӕ рӕхыстӕ куыд фӕуӕззаудӕр уой, уымӕ. 18Ӕмӕ цы? Чырыстийы тыххӕй куыдфӕнды ма дзурӕд, — былалгъӕй кӕнӕ зӕрдиагӕй, — уӕддӕр райын. Ӕмӕ райдзынӕн, 19уымӕн ӕмӕ зонын: уӕ куывды руаджы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Уды ӕххуысӕй уый мӕнӕн фӕахъаз уыдзӕн фервӕзынӕн. 20Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй. 21Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт — ме’фтиаг. h 22Мӕ буары цӕргӕйӕ куы баззайон, уӕд уый та мӕ хъуыддагӕн пайда у; ӕмӕ, цы равзарон, уый нӕ зонын. 23Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у. i 24Уӕ сӕраппонд та хуыздӕр у мӕ буары баззайын. 25Ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндын, ма цард дарддӕр дӕр уе’ппӕтимӕ кӕй ӕрвитдзынӕн, цӕмӕй рӕза уӕ уырнындзинад ӕмӕ зӕрдӕрухс уат. 26Ӕмӕ та уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уын мӕ фӕрцы фылдӕр фадат уыдзӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уын цы бантыст, уымӕй раппӕлынӕн. j

27Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл k 28ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут. 29Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр. l 30Сымах архайут, ӕз кӕм архайдтон, уыцы тохы. Куыд тох кодтон, уый сымах федтат, ныр та хъусут, абон дӕр мӕ тох кӕй нӕма фӕци, уый.
Copyright information for OssIBT2022