Ацы фыстӕг Павел ныффыста, ахӕстоны куы бадти, уӕд. Ромы уӕвгӕйӕ, Павел базонгӕ ис, йӕ хицауӕй чи алыгъд, ахӕм цагъайраг лӕг Онисимимӕ. Павелӕй Фарны Уац фехъусгӕйӕ, Онисим баууӕндыди Чырыстийыл. Павел ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ: Онисим хъуамӕ аздӕха йӕ хицау Филимонмӕ, кӕд ын карз ӕфхӕрдӕй тӕссаг у, уӕддӕр. Онисимы хицау Филимон уыдис чырыстон ӕмӕ цардис Колоссы сахармӕ хӕстӕг (нырыккон ныгуылӕн Турк). Павел ӕй хорз зыдта. Уымӕ гӕсгӕ Павел куры Филимонӕй, цӕмӕй Онисимӕн ныххатыр кӕна ӕмӕ йӕм кӕса ӕмдин ӕфсымӕры цӕстӕй; уый фӕндыд Онисимы раздахын Роммӕ, фӕлӕ уынаффӕ хъуамӕ Филимон йӕхӕдӕг рахӕсса. Ромы цагъарады закъӕттӕ Павел дзырддаг нӕ кӕны, фӕлӕ ӕвдисы, чырыстӕттӕн ӕфсымӕрон уарзт уыцы ӕгъдӕуттӕй ахсджиагдӕр кӕй у, уый. Philemon
1Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ — нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ, 2нӕ хо Апфиамӕ, не’мтохгӕнӕг Архиппмӕ ӕмӕ, дӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕ. 3Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.Филимоны иузӕрдион уарзт
4Ӕз ӕдзух бузныг фӕзӕгъын мӕ Хуыцауӕн, мӕ куывды дӕу дӕр куы ӕрымысын, уӕд. a 5Уымӕн ӕмӕ ӕз хъусын, Бардарӕг Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыс, ӕппӕт сыгъдӕджыты цы уарзтӕй уарзыс, уый тыххӕй. 6Ӕз кувын, цӕмӕй, немӕ дын иумӕйаг цы уырнындзинад у, уый ахъаз уа, Чырыстийы сӕраппонд хорзӕй саразын нӕ бон цы у, уый базонынӕн. b 7Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.Павелы курдиат Онисимы тыххӕй
8Уымӕ гӕсгӕ мын кӕд Чырысти бар дӕтты, дӕуӕй, цы саразын дын ӕмбӕлы, уый домын, 9уӕддӕр дӕм хуыздӕрыл нымайын ӕрхатын, уымӕн ӕмӕ дӕ уарзын — ӕз, зӕронд Павел, ныр та Йесо Чырыстийы сӕраппонд — ахст лӕг. 10Курын дӕ, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мӕ хъӕбулау чи сси, уыцы Онисимы тыххӕй. c 11Кӕддӕр дын уымӕй пайда ▼▼Онисим — бердзенагау амоны «пайдайаг адӕймаг».
нӕ уыди, ныр та дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр пайда у. Ӕмӕ дӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрвитын, 12раст дын цыма мӕ зӕрдӕ дӕттын, афтӕ. 13Хъавыдтӕн ӕй мемӕ ныууадзынмӕ, Фарны Уацы сӕраппонд цалынмӕ ахӕстоны дӕн, уӕдмӕ мын дӕ бӕсты ӕххуыс куыд кодтаид. 14Фӕлӕ мӕ де’вастӕй ницы бакӕнын бафӕндыд, цӕмӕй дӕ уыцы хорз хъуыддаг ӕвӕндонӕй арӕзт ма ӕрцӕуа, фӕлӕ — барвӕндонӕй. 15Дӕуӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ, чи зоны, уый тыххӕй фӕхицӕн ис, цӕмӕй йыл сӕмбӕлай ӕхсызгонӕй ӕмӕ мыггагмӕ уа демӕ, 16цагъар дын мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр — уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, фӕлӕ дӕуӕн та ноджы зынаргъдӕр суыдзӕн — куыд адӕймаг ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы де’фсымӕр. e 17Уӕдӕ кӕд демӕ иу хъуыддагыл кусӕм, уӕд ыл баузӕл, мӕныл куыд баузӕлис, афтӕ. 18Кӕд истӕмӕй дӕ хъыджы бацыди кӕнӕ дӕ истӕмӕй хӕсджын у, уӕд ӕй нымай мӕ хӕсыл. 19Ӕз, Павел, мӕхи къухӕй фыссын: бафиддзынӕн дын ӕй. Дӕхӕдӕг дӕр хӕсджын дӕ мӕ разы, фӕлӕ дын ӕз уыцы хӕсы кой нал кӕнын. 20Уӕдӕ, ме’фсымӕр, мӕн фӕнды, Бардарӕг Йесоимӕ иу кӕй стӕм, уый фӕрцы дӕуӕй фӕпайда кӕнын; Чырыстийы сӕраппонд мын барухс кӕн мӕ зӕрдӕ. 21Ӕз дӕм ныффыстон, кӕй мӕм байхъусдзынӕ, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Цӕй тыххӕй дын зӕгъын, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзынӕ, ӕз уый зонын. 22Уыимӕ ма мын уат дӕр ӕрцӕттӕ кӕн. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, Хуыцау уын уӕ куывд кӕй айсдзӕн ӕмӕ мын сымахимӕ ӕрыздӕхыны фадат кӕй балӕвар кӕндзӕн. f Кӕронбӕттӕн
23Саламтӕ дын ӕрвитынц, Йесо Чырыстийы сӕраппонд мемӕ ахӕстоны чи ис, уыцы Эпафрас, 24ме’мкусджытӕ Марк, Аристарх, Димас ӕмӕ Лука. 25Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уемӕ уӕд!
Copyright information for
OssIBT2022