‏ Philippians 3

Ӕцӕг рӕстад

1Уӕдӕмӕ, ме’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Бардарӕгимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй ныффыссон, уый мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн. a

2Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй. b 3Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй. c 4Ӕниу, мӕ бон у, ӕмӕ зӕххоныл дӕр дарон мӕ зӕрдӕ. Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ зӕххоныл зӕрдӕ дарын йӕ бон у, уӕд мӕ бон та ноджы тынгдӕр у. 5Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей, d 6диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг. e 7Фӕлӕ мӕм раздӕр пайдайаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл. 8Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти, f 9ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ. g 10Мӕ нысан у Чырыстийы, ома мӕрдтӕй Йӕ цы тых райгас кодта, уый базонын, Йӕ хъизӕмӕртты хай Йын бавзарын ӕмӕ, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын, h 11ӕз дӕр мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ даргӕйӕ.

Нысанмӕ тырнындзинад

12Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ тындзын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ — Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион. i 13Ӕфсымӕртӕ, ӕз афтӕ ӕнхъӕл нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг ныридӕгӕн райстон. Ӕрмӕст, фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ӕз тырнын размӕ j 14ӕмӕ тындзын нысанмӕ, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мӕнмӕ цы уӕларвон хӕрзиуӕджы тыххӕй фӕсидти, уый райсынмӕ. k 15Уӕдӕ махӕй, алцӕмӕй ӕххӕст чи у, уымӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа. Кӕд истӕй фӕдыл ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст стут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн. l 16Уӕвгӕ, куыдфӕнды ма уӕд, дарддӕр дӕр цӕрӕм, цы нын бантыст, уымӕ гӕсгӕ. m

17Ӕфсымӕртӕ, курын уӕ, мӕн фӕзмут. Нӕхи уын цыхуызӕнӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕнт фӕзминаг. n 18Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ, — ӕз уын уыдоны тыххӕй арӕх дзырдтон ӕмӕ та ногӕй, кӕугӕйӕ, дзурын, — цӕрынц Чырыстийы дзуары знӕгтау. 19Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл. o 20Махӕн та нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр — Бардарӕг Йесо Чырыстимӕ. p 21Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих. q
Copyright information for OssIBT2022