‏ Philippians 4

1Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ. a

Ныстуантӕ

2Хатын Еводимӕ, хатын Синтихимӕ: сымах Бардарӕгимӕ стут ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕмбаргӕйӕ цӕрут. b 3Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд. c

4Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут. 5Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у. d 6Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ, e 7ӕмӕ, зонд кӕуыл не’ххӕссы, Хуыцауы уыцы фарн бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы. f

8Ноджы ма, ме’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ. g 9Цӕуыл уӕ сахуыр кодтон, цы уын радтон, цы уын загътон, цыхуызӕнӕй мӕ федтат, фӕзмут ӕппӕт уыдӕттӕ, ӕмӕ фарндӕттӕг Хуыцау уыдзӕн уемӕ. h

Арфӕйы ныхӕстӕ

10Бузныг дӕн Бардарӕгӕй ӕмӕ мӕ цинӕн кӕрон нал ис, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ та мыл тыхсын кӕй райдыдтат, уый тыххӕй. Уӕвгӕ мыл кӕддӕриддӕр тыхстыстут, фӕлӕ уын фадат нӕ уыд. 11Хъуӕгтӕ ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын — ӕз сахуыр дӕн, цы ис, уый фагыл нымайыныл. i 12Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл. j 13Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ. k 14Ӕниу мӕм мӕ тыхсты ӕххуысмӕ кӕй фӕзындыстут, уымӕй хорз бакодтат.

15Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон ӕмӕ Македонийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта — ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат. 16Сымах мын Фессалоникӕмӕ дӕр мӕ тыхсты заман иу ӕмӕ дыууӕ хатты не’рбарвыстат уе’ххуысы хай. 17Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа. l 18Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон. 19Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы. m 20Нӕ Фыд Хуыцауӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.

Кӕронбӕттӕн

21Саламтӕ раттут сыгъдӕджытӕн — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, уыдонӕн се’ппӕтӕн. Саламтӕ уын ӕрвитынц, мемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ. 22Саламтӕ уын ӕрвитынц ӕппӕт сыгъдӕджытӕ, уӕлдайдӕр та кесӕры хӕдзаронтӕ. 23Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд.
Copyright information for OssIBT2022