‏ Proverbs 11

1Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты,
раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.
2Сӕрыстырдзинадӕн йӕ фӕдыл цӕуы худинаг,
сӕрныллӕгдзинадӕн — уӕлзонд.
3Рӕстзӕрдӕйы йӕ сыгъдӕг зӕрдӕ размӕ кӕны,
фӕлитойы йӕ мӕнгарддзинад фесафы.
4Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа,
уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн,
фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы,
уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.
5Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл,
ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.
6Рӕстзӕрдӕты сӕ раст зонд фервӕзын кӕны,
мӕнгӕрдтӕ та сӕ монцты уацары бахауынц.
7Ӕнӕхуыцауӕн йӕ зӕрдӕдарӕн йемӕ амӕлдзӕн,
фыдгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ баззайдзысты.
8Рӕстуд фервӕзы фыдбылызӕй,
йӕ бӕсты дзы бахауы ӕнӕхуыцау.
9Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды,
рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.
10Рӕстуд ӕнтыстджын куы вӕййы,
уӕд сахар цин фӕкӕны;
ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куы’рцӕуы,
уӕд цины хъӕртӕ райхъуысынц.
11Рӕстгӕнджыты арфӕтӕй сахар сырӕзы,
ӕнӕхуыцӕутты’взаг та йӕ ныппырх кӕны.
12Ӕдылы йӕ хионы сӕгад кӕны,
фӕлӕ зондджын ницы сдзуры.
13Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны,
ӕууӕнкджын адӕймаг — ӕдзӕм.
14Ӕнӕ зондамындӕй адӕм фесӕфынц,
фӕлӕ, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа,
уым сӕ уӕлахиз — цӕттӕ.
15Искӕй тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи дӕтты,
уый фыдбылызы бахаудзӕн,
фӕлӕ, искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ
тагъд чи нӕ кӕны, уый — ӕдас.
16Хӕрзӕгъдау сылгоймаг — кадджын,
куыстуарзаг лӕг — хъӕздыг.
17Хӕрзуаг адӕймаг йӕхицӕн пайда’рхӕссы,
ӕгъатыр та йӕхӕдӕг йӕхи фыдбылызы баппары.
18Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕрзиуӕг мӕнг у,
рӕстдзинад чи тауы, уый ӕцӕг хӕрзиуӕг райсдзӕнис.
19Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый цӕрдзӕн,
фыддзинады фӕдыл чи згъоры, уый мӕлӕтмӕ тырны.
20Фӕлитойтӕ Дунедарӕгӕн ӕлгъаг сты,
раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдон та — ӕхцон.
21Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн,
фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
22Хуыйӕн йӕ бырынчъы сыгъзӕрин хъусцӕг куы бакӕнай,
раст уый ӕнгӕс у рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕзонд сылгоймаг.
23Рӕстудты бӕллицтӕ фарн хӕссынц,
ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ зӕрдӕдарӕн маст расайдзӕн.
24Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты,
чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.
25Рӕдау зӕрдӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух нӕ уыдзӕн;
искӕмӕн йӕ дойны чи басӕтта,
уый йӕхӕдӕг дӕр дойныйӕ нӕ амӕлдзӕн.
26Йӕ мӕнӕу чи’мбӕхсы, уый адӕм ӕлгъитгӕ кӕнынц,
фӕлӕ дзы чи уӕй кӕны, уый арфӕты бын фӕуыдзӕн.
27Хорз ракӕнынмӕ чи тырны, уый хорзӕх райсдзӕнис,
фыдбылыз чи агуры, уый йӕ ссардзӕн.
28Йӕ хъӕзыгдзинадӕй йӕ ныфс чи хӕссы, уый фӕкӕлдзӕнис,
рӕстудтӕ та, йӕ сыфтӕр цъӕх цы бӕласӕн дары,
уый ӕнгӕс суыдзысты.
29Йӕ хӕдзарыл фыдбылыз чи ӕфтауы,
уымӕн йӕ хай — дымгӕ;
ӕдылы лӕггад кӕндзӕн куырыхонӕн.
30Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы,
куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ’лвасы.
31Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ
йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы,
уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.
Copyright information for OssIBT2022