‏ Proverbs 12

1Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы,
уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у.
2Дунедарӕг уарзы хӕларзӕрдӕ адӕймаджы,
мӕнгарды та Йӕ азар баййафы.
3Фыдгӕнӕг зӕххыл не’рфидар уыдзӕн,
раст адӕймагӕн йӕ уидаг фидар у.
4Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ,
налат ус та — йе стджыты’хсӕн ӕмбыд стӕг.
5Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл,
ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы.
6Ӕнӕхуыцауы ныхӕстӕ — туг ныккалынӕн асадӕн,
фӕлӕ рӕстуды’взаг адӕмы фервӕзын кӕны.
7Ӕнӕхуыцау ӕрхауди — ӕмӕ нал ис,
рӕстуды хӕдзар нӕ фенкъуысдзӕн.
8Зондджын ныхас адӕймаджы скадджын кӕны,
ӕнахъинон зондахаст — ӕгады хос.
9Фӕлтау хуымӕтӕгӕй цӕр ӕмӕ дӕхицӕн лӕггад кӕн,
дӕхицӕй номджын лӕг аразгӕйӕ,
къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафыны бӕсты.
10Рӕстуд йӕ фосыл дӕр мӕт кӕны,
ӕнӕхуыцауӕн йӕ хорзӕх дӕр — залым мийӕ фыддӕр.
11Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн,
ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы.
12Ӕнӕхуыцау йӕ быцъынӕг скъуыны хинмӕ,
фӕлӕ рӕстуды уидаг талатӕ суадзы.
13Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн,
рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.
14Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды,
йӕ хъиамӕт ӕм хӕрзиуӕджы хуызы раздӕхы.
15Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы,
куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы.
16Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны,
фӕлӕ йын зондджын йе’фхӕрд ницӕмӕ’рдары.
17Цӕсгомджын адӕймаг рӕстдзинад дзуры,
мӕнгӕвдисӕнӕн йӕ ныхӕстӕ мӕнгард сты.
18Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф,
куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
19Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ,
мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ.
20Фыдвӕндгӕнӕджы зӕрдӕйы — мӕнгарддзинад,
фидауынгӕнджытӕм — циндзинад.
21Раст адӕймагыл фыдбылыз не’рцӕудзӕн,
ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг.
22Мӕнг ӕвзаг Дунедарӕгӕн ӕлгъаг у,
цӕсгомджынӕй чи цӕры, уый Йын — ӕхцон.
23Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы,
зондцух та йе’дылыдзинад равдисы.
24Кусаг къух хицауиуӕг кӕндзӕн,
магусатӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бегара.
25Адӕймаджы зӕрдӕ мӕтӕй сфӕлмӕцы,
хорз ныхасӕй та схъӕлдзӕг вӕййы.
26Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн,
ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
27Магуса ӕфтиаджы ад нӕ зоны,
куыстуарзаг та мулк ӕмӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух не’ййафы.
28Рӕстдзинады фӕндагыл — цард,
йӕ цӕуӕнтыл нӕ сӕмбӕлдзынӕ мӕлӕтыл.
Copyright information for OssIBT2022