Proverbs 14
1Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг,ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.
2Дунедарӕгӕй чи тӕрсы,
уый раст фӕндагыл цӕуы;
Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны,
уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.
3Ӕдылыйӕн йе’взаг — йӕ ехс,
куырыхоны та йе’взаг хъахъхъӕны.
4Галтӕ кӕм нӕй, уым хордон — афтид;
хъаруджын галтӕ кӕм уа,
уым тыллӕг бирӕ уыдзӕн.
5Рӕстӕвдисӕн сайгӕ нӕ кӕны,
мӕнгӕвдисӕн мӕнгдзинадӕй улӕфы.
6Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд,
фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны;
зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.
7Ӕдылыйӕ дӕхи дард лас —
зондджын ныхас дзы нӕ фехъусдзынӕ.
8Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд,
йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис,
зондцухӕн та йе’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.
9Ӕдылытӕ худынц тӕригъӕдтӕ сыгъдӕггӕнӕг нывондыл,
фӕлӕ цӕсгомджын адӕм Дунедарӕджы хорзӕх райсдзысты.
10Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны,
йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.
11Ӕнӕхуыцауы хӕдзар ныззыгуым уыдзӕн,
рӕстуды хӕдзар — дидинӕфтыд.
12Адӕймагмӕ иуӕй-иу фӕндаг раст фӕкӕсы,
фӕлӕ йӕ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ’ркӕны.
13Циндзинады дӕр зӕрдӕ фӕриссы,
ӕмӕ цин раивы мастӕй.
14Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн,
хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.
15Ӕнӕхин алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды,
фӕлӕ зондджын йӕ къахдзӕфтӕм лӕмбынӕг кӕсы.
16Зондджын фыдбылызӕй тӕрсы,
ӕмӕ дзы йӕхи хъахъхъӕны,
ӕдылы та — нӕрӕмон ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.
17Мӕстыгӕр ӕдылы митӕ бирӕ кӕны;
мӕнгард лӕг адӕмӕн — ӕнӕуынон.
18Ӕнӕфендӕн йӕ хай — ӕдылыдзинад,
зондджыны кады худ — зонынад.
19Фыдгӕнджытӕ ӕркъул уыдзысты
хӕларзӕрдӕ адӕмы раз,
ӕнӕхуыцӕуттӕ — рӕстуды кулдуары цур.
20Мӕгуыр лӕгыл йӕ хион дӕр былысчъилтӕ кӕны,
хъӕздыгӕн бирӕ’рдхӕрдтӕ ис.
21Йӕ хионмӕ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы,
уый тӕригъӕд ми кӕны,
мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.
22Фыдвӕндтӕ чи аразы,
уымӕн йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн,
хорз хъуыддӕгтӕ чи кӕны,
уыимӕ сты рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад.
23Алы уӕззау куыстӕй дӕр исты’фтиаг разыны,
дзӕнгӕдайӕ та — ӕрмӕст мӕгуырдзинад.
24Куырыхонӕн йӕ кады худ — йӕ хъӕздыгдзинад,
зондцух йӕхи йе’дылы зондӕй сфӕлынды.
25Рӕстӕвдисӕн адӕмы фервӕзын кӕны,
мӕнгӕвдисӕн улӕфы мӕнгдзинадӕй.
26Хуыцауы тас — фидар мӕсыг,
Йӕ сабитӕн Уый у ӕмбӕхсӕн.
27Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн,
уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.
28Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа,
уӕд скадджын уыдзӕн,
йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.
29Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау,
мӕстыгӕр та йе’дылыдзинад равдисы.
30Зӕрдӕ сабыр куы уа, уӕд буар дӕр ӕнӕниз уыдзӕн,
хӕлӕгдзинадӕй стджытӕ ӕмбигӕ кӕнынц.
31Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары,
уый йын йе Сфӕлдисӕджы’фхӕры,
кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
32Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц,
рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.
33Уӕлзонд цӕры зондджыны зӕрдӕйы,
ӕдылыты’хсӕн бӕрӕг дары.
34Раст фӕндагыл цы адӕм цӕуынц,
уыдонӕн сӕ номы кой айхъуысы,
тӕригъӕд та сын — худинаджы хос.
35Паддзах йӕ зондджын цагъарӕн хӕрзаудӕн кӕны,
чи йӕ сӕгад кӕны, уый та бафхӕры.
Copyright information for
OssIBT2022