Proverbs 16
1Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны,фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы.
2Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы,
фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
3Дӕ хъуыддӕгтӕ Дунедарӕджы бар бакӕн,
ӕмӕ дӕ фӕндтӕ сӕххӕст уыдзысты.
4Дунедарӕг алцыдӕр йӕхи нысанӕн сфӕлдыста,
суанг ӕнӕхуыцауы дӕр бӕллӕхы бонмӕ хъахъхъӕны.
5Дунедарӕгӕн ӕнӕввӕрсон зӕрдӕ ӕлгъаг у,
ӕнӕ’фхӕрдӕй йӕ, бӕлвырд, нӕ ныууадздзӕн.
6Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад
тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц;
Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.
7Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц,
уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.
8Фӕлтау дӕм иу чысыл исты уӕд, ӕмӕ раст фӕндагыл цу,
цӕйнӕфӕлтау — хъӕздыг ӕфтиаг, фӕлӕ — тӕригъӕды фӕрцы.
9Адӕймаг хъуыды кӕны йӕ царды фӕндагыл,
фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы.
10Паддзах хъусын кӕны Хуыцауы фӕндон,
йӕ тӕрхоны нӕ фӕрӕдидзӕн.
11Дунедарӕг раст уӕзбарӕнтӕ домы,
хызыны цы уӕзбарӕнтӕ ис, уыдон Уый сфӕлдыста.
12Паддзӕхтӕ фыдракӕндтыл ӕлгъ кӕнынц,
уымӕн ӕмӕ паддзахы бадӕн раст зондӕй сфидар вӕййы.
13Паддзӕхтӕн раст ныхас ӕхсызгон у,
ӕцӕгдзинад чи дзуры, уыдоны уарзынц.
14Паддзахы маст — мӕлӕты уацхӕссӕг,
фӕлӕ йӕ куырыхон басабыр кӕны.
15Паддзахӕн йӕ рухс цӕстӕнгасы — цард,
йӕ хӕрзаудӕн — уалдзыгон тӕрккъӕвда.
16Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты
уӕлзонд агурын — хуыздӕр,
ӕвзаргӕ’взист ӕмбырд кӕнынӕй
зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
17Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы;
йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.
18Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад,
ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
19Сӕрыстыртимӕ’фтиаг дих кӕныны бӕсты,
фӕлтау мӕгуыртимӕ цӕр сӕрныллӕгӕй.
20Зондӕй чи архайы, уый ӕнтыстджын уыдзӕн,
Йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, уый — тӕхудиаг.
21Йӕ зӕрдӕйы уӕлзонд кӕмӕн цӕры,
уый зондджын хондзысты;
йӕ дзыхы ныхас ӕхцон кӕмӕн у,
ууыл фылдӕр ӕууӕнддзысты.
22Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн,
зондцухӕн та йе’дылыдзинад — йӕ азар.
23Куырыхон йӕ зонды фӕрцы, цы зӕгъа, уый ссардзӕн,
ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ уырнинагдӕр уыдзысты.
24Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны:
удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
25Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы,
фӕлӕ йӕ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ’ркӕны.
26Кусӕг лӕг стонг куы феййафы,
уӕд йӕ фӕллад суадзынӕн йӕхицӕн бар дӕр нал фӕдӕтты.
27Ӕнаккаг аразы фыдвӕндтӕ,
йӕ дзыхӕй цыма пиллон арт кӕлы, уыйау.
28Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы,
дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
29Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны,
галиу фӕндагмӕ йӕ асайы.
30Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы,
йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны,
уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды.
31Урс сӕр — намысы кады худ,
раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.
32Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр,
йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый,
сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр.
33Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц,
фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.
Copyright information for
OssIBT2022