‏ Proverbs 17

1Хус къӕбӕримӕ фидыдӕй цӕрын — хуыздӕр,
цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар ӕргӕвст фосӕй йедзаг уа,
фӕлӕ дзы хъаугъа ма’нцайа.
2Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн,
ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн.
3Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн,
куынцгом — сыгъзӕринӕн,
зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.
4Фыдлӕг фыдгӕнӕджы ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъусы,
фӕлитой йӕ хъус дары зианхӕссӕг ӕвзагмӕ.
5Мӕгуыр лӕгыл чи худы,
уый йын йе Сфӕлдисӕджы’фхӕры;
искӕй хъыгыл цин чи кӕны,
уый ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
6Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот,
фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй.
7Ӕдылыйыл хиппӕлой ныхӕстӕ нӕ фидауынц,
уӕзданыл та — мӕнг ныхӕстӕ.
8Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур:
кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.
9Уарзтмӕ чи бӕллы, уый йе’фхӕрд ферох кӕны;
йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы,
уый йе’мбалӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн.
10Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн,
афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты.
11Фыдгӕнӕг ӕрмӕст змӕстмӕ тырны,
ӕгъатыр зӕды йӕм рарвыстӕуыдзӕн.
12Зондцухыл, йе’дылы зонд куы рафыцы,
уыцы рӕстӕг сӕмбӕлыны бӕсты
фӕлтау, йӕ лӕппынты кӕмӕн амардтой, ахӕм арсыл сӕмбӕл.
13Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй
фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн.
14Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта;
цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи’рсабыр кӕн.
15Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын,
иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.
16Ӕдылыйы та’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы?
Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.
17Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис;
ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры,
цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа.
18Ӕнӕзонд ивазы йӕ къух,
искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ тагъд кӕны.
19Хъаугъатӕ уарзӕг тӕригъӕд уарзы,
йӕхи чи стауы, уый та’рхауынмӕ бӕллы.
20Сайӕгой зӕрдӕ хорзӕй ницы фендзӕн,
мӕнгард ӕвзаг фыдбылызы бахаудзӕн.
21Ӕдылыйы ныййарӕг — додойаг,
зондцухы фыд цин нӕ кӕны.
22Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос,
ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны.
23Ӕнӕхуыцау фӕччийы бынӕй гӕртӕмттӕ исы,
цӕмӕй раст тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕна.
24Зондджынӕн йӕ цӕстӕнгас — уӕлзонды’рдӕм арӕзт,
ӕдылыйы цӕстытӕ зӕххы кӕрӕттыл зилынц.
25Ӕдылы фыртыл йӕ фыд хъынцъым кӕны,
йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.
26Хорз нӕу ӕнаххосы’фхӕрын
кӕнӕ номджын лӕджы рӕстдзинады тыххӕй нӕмын.
27Бирӕзонаг ныхас кӕны хъавгӕйӕ,
зондджын фидарзӕрдӕ у.
28Ӕдылыйы дӕр, куы ницы сдзура,
уӕд куырыхоныл банымайдзысты,
йӕ дзыхыл куы хӕца, уӕд искӕмӕ зондджын фӕкӕсдзӕн.
Copyright information for OssIBT2022