‏ Proverbs 18

1Хивӕнд, йӕхи цы фӕнды, уый кӕны,
раст уынаффӕ куы фехъусы, уӕд та загъд ракъахы.
2Ӕдылы хъуыды кӕнын нӕ уарзы, фӕлӕ йын йӕхи зондджынхуызӕй равдисын йеддӕмӕ мацы ратт.
3Фыдгӕнӕджы фӕдыл цӕуы ӕлгъ,
ӕнаккаджы фӕдыл — худинаг.
4Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны’нгӕс;
уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы.
5Фыдгӕнӕгӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ
рӕстуды раст тӕрхонӕй ӕнӕхай кӕнын хорз нӕу.
6Ӕдылыйы’взаг загъд къахы,
йӕ дзыхы тыххӕй над баййафы.
7Ӕдылыйӕн йе’взаг — йӕ сафӕг,
йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз.
8[Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры,
буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.]
9Фыдӕвзаджы ныхӕстӕ адджинаджы хуызӕн
адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.
10Зивӕггӕнаг кусӕг дӕрӕнгӕнӕгӕй уӕлдай нӕу.
11Дунедарӕджы ном — фидар мӕсыг,
рӕстуд дзы бамбӕхсдзӕн ӕмӕ уыдзӕн ӕдас.
12Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг,
бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.
13Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад,
кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад.
14Ныхасмӕ кӕронмӕ ма байхъус, афтӕмӕй дзуапп ратт —
уый ӕдылыдзинад ӕмӕ худинаг у.
15Лӕг удвидар куы уа,
уӕд йӕ буар дӕр низы ныхмӕ фидар уыдзӕн,
фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа,
уӕд ын хъару чи ратдзӕн?
16Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы,
куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.
17Лӕвӕрттӕ адӕймагӕн уӕрӕх фадӕттӕ байгом кӕнынц,
стыр хицӕуттӕм ын фӕндаг раттынц.
18Тӕрхондоны ныхасы бар фыццаг кӕмӕ’рхауы,
уый растдӕр фӕзыны,
цалынмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг не’рбацӕуы
ӕмӕ йӕ не’рфӕрсы, уӕдмӕ.
19Хӕлттӕ куы сӕппарай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн,
дыууӕ тыхджын ныхмӕлӕууӕджы фӕйнӕрдӕм ацӕудзысты.
20Тӕргай ӕфсымӕр — ӕнӕбаххӕсгӕ мӕсыг,
хыл — кулдуары ӕвдузӕн.
21Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды,
йе’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.
22Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар,
йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн.
23Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын,
Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис.
24Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй,
хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.
25Иуӕй-иу ӕрдхӕрдтӕ ӕрмӕст фыдбылызы хос сты,
фӕлӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр хӕлар.
Copyright information for OssIBT2022