Proverbs 19
1Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕгӕдылы фӕлитойӕ — хуыздӕр.
2Ӕнӕ зонынадӕй зӕрдӕйӕн зын у,
тагъд чи кӕны, уый та фӕкӕлдзӕнис.
3Адӕймагӕн йе’дылы зонды аххосӕй
йӕ фӕндаг ныссуйтӕ вӕййы,
мӕсты та Дунедарӕгмӕ фӕкӕны.
4Хъӕздыгдзинад ӕрдхӕрдты нымӕц фӕфылдӕр кӕны,
мӕгуыр лӕджы та йӕ лымӕн дӕр ныууадзы.
5Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн,
фӕлитой нӕ фервӕздзӕн.
6Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц,
лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе’рдхорд у.
7Мӕгуыр лӕг йе’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон,
йе’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц:
куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.
8Зондагурӕг чи зилы, уый йӕ удыл тыхсы;
уӕлзонд чи хъахъхъӕны, уый фарн ссары.
9Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн,
фӕлитойӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн.
10Ӕдылыйыл нӕ фидауы фырхъӕздыгдзинад,
цагъар ӕлдӕрттӕн хицау суа, уый та — уӕлдайдӕр.
11Зондджын йӕ маст уромын зоны;
искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.
12Паддзахы маст — домбайы рыхын,
йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.
13Ӕдылы лӕппу йӕ фыды фенамонд кӕны;
зындзӕрин ус — хуынкъ цары’нгӕс.
14Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ,
зондджын усы та Дунедарӕг ратты.
15Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны,
зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.
16Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны,
уый йӕ цард хъахъхъӕны,
йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы,
уый та фесӕфдзӕн.
17Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны,
уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты,
йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
18Дӕ фырты, цалынмӕ нӕма байрӕджы,
уӕдмӕ’фхӕргӕ кӕн, ма йӕ фесаф.
19Мӕстыгӕр уадз ӕмӕ’фхӕрд баййафа,
куы йын ныббарай, уӕд ӕвзӕрдӕр уыдзӕн.
20Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ
зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай,
уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.
21Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис,
фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта,
уый сӕххӕст уыдзӕн.
22Адӕмы’хсӕн иузӕрдыгдзинад кадджын у;
мӕгуыр лӕг фӕлитойӕ — хуыздӕр.
23Дунедарӕгӕй тас цардмӕ кӕны,
уыцы тасӕй йемыдзаг чи у,
уый фынӕй кӕны ӕнӕмӕтӕй,
фыдбылыз ӕм нӕ баххӕсдзӕн.
24Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы,
фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.
25Ӕдзӕсгомӕн куы бауайдзӕф кӕнай,
уӕд ӕнӕхинтӕ раст зондмӕ раздӕхдзысты;
зондджынӕн бауайдзӕф кӕн,
ӕмӕ ма йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн.
26Йӕ фыды хӕдзар чи сафтид кӕны
ӕмӕ йӕ ныййарӕг мады чи суры,
уыцы лӕппу — ӕгад ӕмӕ фидиссаг.
27Мӕ лӕппу! Зондамындмӕ куынӕ хъусай,
уӕд ӕнӕ бацамындӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.
28Мӕнгӕвдисӕн тӕрхондонӕй хынджылӕг кӕны,
ӕнӕхуыцау тӕригъӕдтӕй ӕфсӕды.
29Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн,
ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.
Copyright information for
OssIBT2022