‏ Proverbs 20

1Сӕн — хынджылӕггӕнаг, арахъхъ — нӕрӕмон,
чи сыл фӕцалх ис, уый ӕдылы у.
2Паддзахы маст — домбайы рыхын,
дӕхиуыл ӕй куы бафтауай,
уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.
3Хъаугъатӕй йӕхи дард чи ласы, уымӕн уый — кады хос,
алы зондцух та загъд къахынмӕ гӕппӕй лӕууы.
4Зивӕггӕнаг йӕ афоныл хуым нӕ кӕны
ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ницы ссары.
5Адӕймаджы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕйы денджызау арф сты,
фӕлӕ сӕ зондджын раргом кӕны.
6Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц,
фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?
7Рӕстуд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕры,
йӕ байзӕддӕгтӕн тӕхудиаг у сӕ фидӕн.
8Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй
алы’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.
9Кӕй бон у зӕгъын: «Мӕ зӕрдӕ сыгъдӕг у,
мӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг дӕн?»
10Сайаг барӕнтӕ, сайаг уӕзбарӕнтӕ —
сӕ иу дӕр ӕмӕ сӕ иннӕ дӕр ӕлгъаг у Дунедарӕджы раз.
11Адӕймаг ӕрыгонӕй дӕр йӕ митӕй бӕрӕг вӕййы —
йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ цӕсгомджын сты ӕви нӕ.
12Хъусгӕ цы хъус кӕны ӕмӕ уынгӕ цы цӕст кӕны —
иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
13Кӕд фынӕй кӕнын уарзыс, уӕд мӕгуырмӕ’рцӕудзынӕ,
дӕ цӕстытӕ ма бацъынд кӕн ӕмӕ ӕфсӕст уыдзынӕ.
14«Ницӕйаг дзаума у!» — фӕзӕгъы ӕлхӕнӕг уӕйгӕнӕджы раз,
куы адард вӕййы, уӕд та йе’лхӕдӕй феппӕлы.
15Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ,
фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.
16Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта,
уымӕн фӕстагмӕ йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн,
искӕй усы’вджид чи ныллӕуа, уымӕн дӕр — афтӕ.
17Сайӕн миты фӕрцы цы хойрагыл фӕхӕст уай,
уый хӕрзад вӕййы, фӕлӕ фӕстӕдӕр
дӕ дзых змисӕй байдзаг уыдзӕн.
18Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн;
тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.
19Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны —
дзӕгъӕлдзыхӕй дӕхи хиз.
20Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи’лгъиты,
уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
21Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай,
уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.
22Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!»
Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн,
ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.
23Сайаг уӕзбарӕнтӕ Дунедарӕджы раз ӕлгъаг сты,
ӕхцон Ын не сты, сайгӕ цы барӕнтӕ кӕнынц, уыдон.
24Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы,
адӕймаг та йӕ фӕндаг куыд бамбара?
25Адӕймаг ард бахӕрыныл куы фӕтагъд кӕна
кӕнӕ, хъуыды нӕ акӕнгӕйӕ, искӕмӕн зӕрдӕ куы бавӕра,
уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн.
26Зондджын паддзах ӕнӕхуыцӕутты
дымгӕмӕ ныддары, найгӕнӕнӕй сӕ бассӕнды.
27Адӕймаджы мон — Дунедарӕджы цырагъ,
цӕрдхуынкъӕй йӕ рухсдзыд скӕны.
28Паддзахы хъахъхъӕнынц хӕрзаудӕн ӕмӕ ӕцӕгдзинад,
йӕ паддзахы бадӕны’рфидар вӕййы иузӕрдиондзинады фӕрцы.
29Лӕппуйы кад — йӕ хъару,
зӕронд лӕг та йӕ урс сӕрӕй фидауы.
30Адӕймаджы йӕ цӕфтӕ фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕнынц,
над йӕ зӕрдӕмӕ арф бахъары.
Copyright information for OssIBT2022