‏ Proverbs 21

1Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис,
цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.
2Адӕймагмӕ йӕ алы фӕндаг дӕр раст фӕкӕсы,
фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары.
3Раст ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ
Дунедарӕгӕн нывӕндтӕй ӕхсызгондӕр сты.
4Ӕнӕрвӕссон бакаст ӕмӕ сӕрыстыр зӕрдӕ
ӕнӕхуыцауӕн цырагъы хуызӕн сты, фӕлӕ уый тӕригъӕд у.
5Ӕнувыд адӕймаг — фӕрныг;
талф-тулфӕй чи архайы, уый та ӕрмӕст хъуаг ӕййафдзӕн.
6Мӕнгдзинады фӕрцы йӕхицӕн мулк чи самал кӕны,
уый тагъдивгъуыйаг уддзӕфы, мӕлӕты фӕдыл зилы.
7Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафдзысты,
уымӕн ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ кӕныныл не сразы сты.
8Фӕлитой галиу фӕндагыл цӕуы,
сыгъдӕгзӕрдӕйӕн йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕууӕнкджын.
9Фыдсылимӕ цӕрыны бӕсты
фӕлтау уӕлхӕдзары кӕрон цӕр.
10Ӕнӕхуыцау фыддзинадмӕ бӕллы,
йӕ хионыл дӕр нӕ ауӕрды.
11Ӕдзӕсгомы куы бафхӕрай,
уӕд ӕнӕхинтӕ фӕзондджындӕр уыдзысты;
куырыхонӕн зонд бацамон,
ӕмӕ йӕ зондыл бафтдзӕнис.
12Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ:
ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы.
13Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ,
йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны,
уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн,
фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.
14Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны,
фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис,
уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы.
15Раст тӕрхон рӕстудӕн — цины хос,
фыдгӕнӕг та дзы тӕрсгӕ кӕны.
16Раст фӕндагӕй чи адзӕгъӕл ис,
уый мӕрдты’хсӕн йӕ бынат ссардзӕн.
17Йӕ рӕстӕг цинты’рвитын чи уарзы,
уымӕн цӕрӕн фӕрӕзтӕ нӕ фаг кӕны;
сӕн ӕмӕ зынаргъ сӕрдӕнтӕ чи уарзы,
уый не схъӕздыг уыдзӕн.
18Раст лӕгӕн йӕ ахӕстаргъ — ӕнӕхуыцау,
цӕсгомджынӕн та — фӕлитой.
19Ӕнӕзонд ӕмӕ загъдӕргом усимӕ цӕрыны бӕсты
фӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры иунӕгӕй цӕр.
20Куырыхоны хӕдзары зынаргъ ӕвӕрӕнтӕ ӕвидигӕ сты,
ӕдылы та сӕ’нӕвгъауӕй хардз кӕны.
21Раст фӕндагмӕ ӕмӕ уарзондзинадмӕ чи тырны,
уый ссардзӕнис цард дӕр, раст фӕндаг дӕр ӕмӕ кад дӕр.
22Куырыхон бӕгъатырты сахар басӕтдзӕн,
сӕ зӕрдӕ цы фидарыл дарынц,
уый сын ныззыгуым кӕндзӕн.
23Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны,
уый йӕхи фыдбылызтӕй хъахъхъӕны.
24Къӕйных ӕмӕ’нӕввӕрсон адӕймаг,
йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн
йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.
25Зивӕггӕнаджы йӕ фӕндтӕ фесафдзысты,
уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ кусын нӕ уарзынц;
26алы бон дӕр йӕ монцтӕй фӕлмӕцы,
рӕстуд та ӕвӕсмонӕй, цы йӕм ис, уый байуары.
27Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты,
уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон.
28Мӕнгӕвдисӕн фесӕфдзӕн,
фӕстаг ныхасы бар ӕрхаудзӕн,
алцы чи фехъуыста, уымӕ.
29Ӕнӕхуыцауӕн йӕ хуыз къӕйных у,
рӕстуд йӕ фӕндагыл фидар хӕцы.
30Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр
Дунедарӕджы раз ницы сты.
31Тохы бонмӕ бӕх ӕрцӕттӕ кӕнынц,
фӕлӕ уӕлахиз Дунедарӕг ратты.
Copyright information for OssIBT2022