‏ Proverbs 22

1Хорз ном — мулкӕй бӕллиццагдӕр;
хорзы кой — сыгъзӕрин ӕмӕ’взистӕй хуыздӕр.
2Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты,
уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
3Зондджын фыдбылыз рагацау уыны
ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы,
ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы
ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.
4Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас —
сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.
5Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ,
йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
6Лӕппуйӕн раст фӕндаг куы бацамонай,
уӕд дзы зӕрондӕй дӕр иуварс нӕ фӕзилдзӕн.
7Хъӕздыг мӕгуыр лӕгӕн — йӕ хицау,
хӕсджын та, хӕс кӕмӕй дары, уымӕн — йӕ цагъар.
8Фыдракӕндтӕ чи тауы, уый фыдбылызы бахаудзӕн,
йӕ фыдӕхы лӕдзӕг ӕвӕдӕй фесӕфдзӕн.
9Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн,
уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты.
10Ӕдзӕсгомы куы атӕрай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн,
загъд ӕмӕ’лгъыст басабыр уыдзысты.
11Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрын чи уарзы
ӕмӕ йӕ дзыхы ныхас ӕхсызгон кӕмӕн у,
уымӕн паддзах йе’мбал уыдзӕн.
12Дунедарӕг хъахъхъӕны ӕцӕгдзинад,
ӕууӕнкхорӕн йӕ ныхӕсты мӕнгдзинад равдисы.
13Зивӕггӕнаг хъӕр кӕны: «Уынджы — домбай!
Куыддӕр хӕдзарӕй рацӕуон, афтӕ ме сӕфт ӕрцыд!»
14Искӕй усы’взаг — арф сӕрсӕфӕн,
Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.
15Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы,
уӕд, цӕмӕй йе’дылы зонд ныууадза,
уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.
16Мӕгуыр лӕджы’фхӕргӕйӕ, йӕ исбоныл чи’фтауы,
хъӕздыгӕн та лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый мӕгуырмӕ’рцӕудзӕнис.

17Дӕ хъус ӕрбадар ӕмӕ куырыхонты ныхӕстӕм байхъус,
мӕ зондамындмӕ мын де’ргом раздах:
18уыдон дын дӕ зӕрдыл дарын ӕхсызгон уыдзӕн,
уадз, ӕдзухдӕр де’взагыл бадой.
19Цӕмӕй Дунедарӕг дӕ зӕрдӕдарӕн суа,
уый тыххӕй дын сӕ абон хъусын кӕнын.
20Ӕз дын ныффыстон дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕмбисонды,
уынаффӕтӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дзы ссардзынӕ,
21цӕмӕй сахуыр уай ӕцӕгдзинады ныхӕстыл
ӕмӕ дӕ хицӕуттӕн дӕ бон дзуапп раттын уа.
22Мӕгуыр лӕджы, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй ма бастигъ,
кулдуары раз ма бафхӕр гӕвзыччы,
23уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сӕ хъасты рахӕцдзӕн сӕ сӕрыл,
чи сӕ бастыгъта, уыдоны цардцух фӕкӕндзӕн.
24Мӕстыгӕримӕ ма лымӕн кӕн,
загъдӕргомӕй дӕхи дард лас,
25науӕд йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сахуыр уыдзынӕ
ӕмӕ къӕппӕджы аирвӕздзынӕ.
26 27Искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ ма дӕтт,
искӕй ӕвджид ма ныллӕу —
цы бафидай, уый дӕм куынӕ уа,
уӕд ма дын дӕ хуыссӕнтӕ дӕр дӕ бынӕй раласдзысты.
28Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой,
уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.
29Йӕ куысты дӕсны чи у,
ахӕм адӕймаджы искуы федтай?
Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн,
хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.
Copyright information for OssIBT2022