‏ Proverbs 25

1Мӕнӕ Соломоны иннӕ ӕмбисӕндтӕ,
ӕрӕмбырд сӕ кодтой Иудейы паддзах Езекиайы барджынтӕ.
2Кадджын у Хуыцау — сусӕгтӕ’мбӕхсӕг,
цытджын у паддзах — сусӕгдзинӕдтӕ сгарӕг.
3Арвы бӕрзӕндты, зӕххы арфы
ӕмӕ паддзахы зӕрдӕйы цы ис, уый зонд нӕ ахсы.
4Ӕвзист ссыгъдӕг кӕн,
ӕмӕ зӕрингуырд мигӕнӕн сараздзӕн;
5ӕнӕхуыцауы паддзахы цурӕй аиуварс кӕн,
ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕн раст зонды фӕрцы сфидар уыдзӕн.
6Паддзахы раз схъӕл ныхӕстӕ ма кӕн,
стыр хицӕутты ӕмрӕнхъ ма ӕрлӕуу.
7 8Фӕлтау дын зӕгъӕд: «Уӕлдӕр схиз»,
уӕздӕтты раз дӕ фегад кӕныны бӕсты.
Дӕхи цӕстӕй цы фенай,
уый тӕрхондонмӕ рахӕссыныл тагъд ма кӕн,
науӕд уый фӕстӕ цы фӕуыдзынӕ,
дӕ хион дӕ куы фӕхудинаг кӕна, уӕд?
9 10Дӕ хионимӕ тӕрхон кӕн ӕрмӕст дӕхи хъуыддаджы фӕдыл,
искӕй сусӕгдзинад ма раргом кӕн, науӕд, чи дӕ фехъуса,
уый дын дӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн, ӕмӕ фидиссаг фӕуыдзынӕ.
11Ӕвзист тӕбӕгъы — сыгъзӕрин фӕткъуытӕ —
уыдоны’нгӕс у афоныл загъд ныхас.
12Сыгъзӕрин хъусцӕг, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фӕлындӕн —
уыдоны’нгӕс у куырыхоны уайдзӕф,
лӕмбынӕг чи фӕхъусы, уымӕн.
13Хуымгӕрдӕнты тӕмӕны — уазал мит —
уый ӕнгӕс у ӕууӕнкджын минӕвар йе’рвитӕгӕн;
йӕ хицауы зӕрдӕ дзы райы.
14Мигътӕ ӕмӕ дымгӕ ӕнӕ къӕвдайӕ —
уыдоны’нгӕс у, кӕй нӕ ракодта,
ахӕм лӕвӕрттӕй чи феппӕлы, уыцы адӕймаг.
15Бирӕбыхст хицауы зӕрдӕ ӕртасын кӕны,
фӕлмӕн ныхас стджытӕ дӕр сӕтты.
16Мыд куы ссарай, уӕд дзы ӕрмӕст,
цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр;
фырхӕрд дзы куы бакӕнай,
уӕд дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уыдзӕн.
17Де’рдхорды хӕдзармӕ ӕгӕр арӕх ма цу,
науӕд дӕ куы стыхса, уӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ.
18Йӕ хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууы,
уый у старц, кард ӕмӕ цыргъ фаты’нгӕс.
19Ӕмбыд дӕндаг кӕнӕ къуылых къах —
мӕнгардыл дӕр бӕллӕхы бон уыдонау зӕрдӕ дарӕн нӕй.
20Фӕнды уазал бон дӕ дарӕс лас,
кӕнӕ содӕйыл дзымари ныккал,
фӕнды’нкъард зӕрдӕйӕн зарджытӕ кӕн.
21Кӕд де знаг ӕххормаг у, уӕд ын дзул ратт,
кӕд дойныйӕ мӕлы, уӕд ӕй донӕй бафсад.
22Афтӕмӕй йын ды йӕ сӕрыл судзгӕ’взалытӕ’мбырд кӕныс,
дӕуӕн та Дунедарӕг дӕ хорздзинад бафиддзӕн.
23Цӕгатаг дымгӕ йемӕ’рбахӕссы къӕвда,
мӕнгдзурӕджы’взаг та — мӕсты цӕсгӕмттӕ.
24Фыдсылимӕ цӕрыны бӕсты
фӕлтау уӕлхӕдзары кӕрон цӕр.
25Дойныйӕ чи мӕлы, уымӕн уазал дон нуазын куыд ӕхсызгон у,
афтӕ’хцон у хорз уац дард бӕстӕй.
26Ӕнӕхуыцауы раз фыр тӕссӕй чи ризы,
уыцы рӕстуд у чъизи донгуырӕны, змӕст суадоны’нгӕс.
27Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу,
афтӕ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу.
28Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уыцы адӕймаг,
йӕ систӕ цы сахарӕн ныккалдысты, уый хуызӕн у.
Copyright information for OssIBT2022