Proverbs 28
1Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны,рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.
2Бӕстӕ змӕст куы уа,
уӕд ын хицӕуттӕ бирӕ уыдзӕн,
фӕлӕ зондджын ӕмӕ бирӕзонаг хицауимӕ нӕ фӕцуддзӕн.
3Мӕгуырты чи’фхӕры, ахӕм мӕгуыр лӕг,
хуымтӕ цы къӕвда фесафы, уый хуызӕн у.
4Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта,
уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц,
фӕлӕ, Хуыцауы’гъдау чи хъахъхъӕны,
уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.
5Фыдгӕнджытӕ, рӕстдзинад цы у, уый не’мбарынц,
фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры,
уыдон ӕй ӕххӕстӕй бамбардзысты.
6Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг,
галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, ахӕм хъӕздыгӕй — хуыздӕр.
7Зондджын лӕппу Хуыцауы’гъдау ӕххӕст кӕны,
ӕнӕуагтимӕ йӕ рӕстӕг чи’рвиты,
уый та йӕ фыды худинаг кӕны.
8Пайдайыл ӕхца’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи’фтауы,
уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.
9Хуыцауы’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды,
уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.
10Раст адӕймаджы галиу фӕндагмӕ чи сайы,
уый йӕхи къӕппӕджы бахаудзӕн,
сыгъдӕгзӕрдӕ та схайджын уыдзӕн фарнӕй.
11Хъӕздыг йӕхимӕ куырыхон кӕсы,
фӕлӕ йӕ зондджын мӕгуыр лӕг раиртасы.
12Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы;
ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы,
уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.
13Йӕ тӕригъӕдтӕ чи’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн;
чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.
14Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр тас кӕмӕ ис,
уыцы адӕймаг тӕхудиаг у,
фыдзӕрдӕ та фыдбылызы бахаудзӕн.
15Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс —
ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны’нгӕс у.
16Бӕстӕйы хицау цас ӕдылыдӕр уа,
уыйас адӕмы фылдӕр ӕфхӕры,
фӕлӕ кӕрӕфдзинад ӕнӕуынон кӕмӕн у,
уый хицауиуӕг бирӕ кӕндзӕн.
17Тугныккалды аххосджын чи у,
уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн.
Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!
18Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн,
галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды’рхаудзӕн.
19Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн,
йӕ тутт бӕллицты фӕдыл чи зилы,
уый та мӕгуырмӕ’рцӕудзӕнис.
20Иузӕрдион адӕймаг — сӕдӕ хатты арфӕгонд,
мулкыл хӕлоф чи кӕны, уый ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн.
21Искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу,
фӕлӕ адӕймаг иу къӕбӕры тыххӕй дӕр тӕригъӕд ракӕны.
22Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны,
йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.
23Цурон ныхӕстӕ чи кӕны, уымӕй нӕ,
фӕлӕ уайдзӕфгӕнӕгӕй фӕбузныг вӕййынц фӕстагмӕ.
24Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды чи стигъы ӕмӕ,
уым тӕригъӕдӕй ницы ис, зӕгъгӕ, чи дзуры,
уый абырджытӕн — се’мбал.
25Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы,
Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.
26Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у,
уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.
27Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны,
уый хъуаг ницӕмӕй феййафы,
фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы,
уый бирӕ фелгъитдзысты.
28Ӕнӕхуыцӕуттӕ бӕрзонд бынатмӕ куы схизынц,
уӕд адӕм бамбӕхсынц,
се сӕфт куы’рцӕуы, уӕд та рӕстудтӕ сбирӕ вӕййынц.
Copyright information for
OssIBT2022