‏ Proverbs 30

1Йакейы фырт Агуры, Массайы байзӕддаджы, ныхӕстӕ. Мӕнӕ цы радзырдта уыцы адӕймаг Итиел, уымӕн йе’мном Итиел ӕмӕ Ухалӕн. 2Адӕмы’хсӕн нӕй мӕнӕй ӕнӕфенддӕр,
адӕймаджы зонд мӕм нӕй.
3Ӕз нӕ сахуыр дӕн уӕлзондыл,
уаз зонынадӕй хайджын нӕ дӕн.
4Чи ссыди уӕларвмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ чи’рцыди?
Чи баурӕдта дымгӕ йӕ армы?
Уӕлӕфтауы мидӕг дон чи батыхта?
Зӕххӕн арӕнтӕ чи скодта?
Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном?
Зоныс ӕй ды?
5Хуыцауӕн Йӕ алы ныхас дӕр сыгъдӕг у;
йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.
6Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау,
науӕд дӕ фӕзылынджын кӕндзӕн,
ӕмӕ сайӕгой разындзынӕ.
7О Хуыцау, дыууӕ хъуыддаджы дӕ курын,
цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ мын уыдонӕй «нӕ» ма зӕгъ:
8тутт ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ мӕм хӕстӕг ма’рбауадз;
хъӕздыгдзинад мын ма ратт, мӕгуырӕй дӕр мӕ бахиз;
цӕрыны фаг мын дӕтт къӕбӕр,
9цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон
ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»;
цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон
ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.
10Хицауы раз йӕ цагъары фыдгой ма ракӕн,
науӕд дӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ азымджын фӕуыдзынӕ.
11Иуӕй-иутӕ’лгъитынц сӕ фыдӕлты
ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.
12Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты,
афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.
13Ис, ӕнӕввӕрсон чи у, ахӕмтӕ,
иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц.
14Иуӕй-иутӕн сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ,
се’фсӕртӕ — кӕрдтӕ, цӕмӕй мӕгуырты ӕмӕ,
алцӕмӕй дӕр ӕнӕхай чи у, уыдоны ныхъуырой.
15Цъулберӕн дыууӕ чызджы ис: ӕри! ӕри!
Ис ӕртӕ ӕнӕфсисы, цыппӕрӕм та «ӕгъгъӕд» никуы зӕгъдзӕн:
16мӕрдтыбӕстӕ, ӕнӕзӕнӕг гуыбын,
донӕй бафсис кӕмӕн нӕй, уыцы зӕхх
ӕмӕ арт, уый никуы зӕгъдзӕн: «Ӕгъгъӕд!»
17Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл
ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.
18Ӕртӕ хъуыддаджы мӕ дисы ӕфтауынц,
цыппӕрӕм та не’мбарын:
19цӕргӕсы фӕндӕгтӕ уӕлдӕфы,
калмы фӕндӕгтӕ къӕдзӕхтыл,
науы цӕуӕнтӕ денджызы,
нӕлгоймаджы фӕндаг чызгмӕ.
20Хъахбайы фӕндаг ахӕм у:
бахӕры, йӕ былтӕ ныссӕрфы ӕмӕ фӕзӕгъы:
«Ӕз ӕвзӕрӕй ницы ракодтон».
21Зӕхх ӕртӕ хъуыддагӕй сӕнкъуысы,
цыппӕрӕм та уромгӕ дӕр нӕ кӕны:
22цагъар паддзах куы свӕййы;
зондцух хӕринагӕй куы бафсӕды;
23хъахбай сылгоймаг мой куы скӕны;
унӕут ӕхсины бынат куы бацахсы.
24Зӕххыл ис цыппар къаннӕджы,
фӕлӕ сӕхицӕй куырыхондӕр нӕй:
25мӕлдзгуытӕ лӕмӕгъ сты,
фӕлӕ сӕрды сӕхицӕн хӕринаг ӕрӕфтауц кӕнынц;
26дамантӕ тыхджын не сты,
фӕлӕ къӕдзӕхты’хсӕн сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ саразынц;
27мӕтыхтӕн паддзах нӕй,
фӕлӕ размӕ рӕнхъгай цӕуынц;
28гӕккуырийы къухӕй ӕрцахсӕн ис,
фӕлӕ паддзахы галуаны цӕры.
29Ис ӕртӕ, сӕ уӕнгты ахаст хӕрзконд кӕмӕн у, ахӕмтӕ,
цыппӕрӕмӕн та — фидар къахӕвӕрд:
30сырдтӕн сӕ тыхджындӕр — домбай,
йӕ разӕй фӕндаг никӕмӕн ратдзӕн;
31уасӕг, бодз ӕмӕ, йе фсады разӕй чи цӕуы, уыцы паддзах.
32Де’дылы зонды тыххӕй схъӕлдзырд куы суай
ӕмӕ фыдвӕндтӕ куы кӕнай,
уӕд дӕ дзыхыл дӕ армытъӕпӕнӕй ныххӕц,
33уымӕн ӕмӕ, ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы нӕлхӕ’взӕры,
фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг ракӕлы,
маст куы сзынг кӕнай, уӕд та ссудзы хӕрамдзинад.
Copyright information for OssIBT2022