‏ Proverbs 31

1Массӕйы паддзах Лемуелы ныхӕстӕ, йӕ ныййарӕг мадӕй цы зондамындтыл сахуыр ис, уыдон. 2Цы, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕйы бын кӕй фӕхастон?
Цы, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ мын чи райгуырд?
3Дӕ хъарутӕ ма ратт сылгоймӕгтӕн,
дӕ хъомыс — паддзӕхты чи бабын кӕны, уыдонӕн.
4Лемуел, паддзӕхтыл нӕ фидауы сӕн нуазын,
уӕздӕттыл — махсымӕйы фӕдыл зилын,
5цӕмӕй, куы барасыг уой, уӕд ма ферох кӕной Хуыцауы’гъдау
ӕмӕ мӕгуыр адӕмы раст тӕрхонӕй ӕнӕхай ма фӕкӕной.
6Сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн бадарут махсымӕ,
хъизӕмарӕй чи мӕлы, уымӕн сӕн бануазын кӕнут:
7куы бануазой, уӕд сӕ ферох уыдзӕн сӕ мӕгуырдзинад,
сӕ хъизӕмӕрттӕ сӕ зӕрдыл нал ӕрлӕудзысты.
8Сӕ бон дзурын кӕмӕн нӕу, уыдоны сӕрыл рахӕц,
ӕнӕбон чи у, уыдоны бартыл тох кӕн.
9Рӕстдзинады сӕрыл дзур, тох кӕн,
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк чи у, уыдоны сӕраппонд.
10Хорз усы куыд ссардӕуа?
Уый налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр у,
11йӕ мойы зӕрдӕ йыл фидарӕй ӕууӕнды,
ӕнӕ’фтиагӕй нӕ баззайдзӕн йемӕ,
12цӕрӕнбонты йын ӕвзӕрӕй нӕ, фӕлӕ хорзӕй фиды.
13Къуымбилмӕ кӕнӕ гӕн ӕндахмӕ бавнала —
йӕ къухтӕ ӕнӕзивӕгӕй кусынц.
14Сӕудӕджергӕнӕг науы хуызӕн
дардӕй самал кӕны хойраг.
15Нырма талынг вӕййы, афтӕ сысты,
йӕ бинонтӕн хӕринаг скӕны,
йӕ унӕутты исты куыстыл бафтауы.
16Зӕххы хай ӕрцагуры ӕмӕ йӕ балхӕны,
йӕ куыстӕй цы мызд бакусы, уымӕй сӕндон саразы.
17Йӕ синтӕ’рбатухы хъаруйӕ, йӕ къухты ис тых.
18Йӕ базайрӕгтӕ хорз уӕй цӕуынц, уый фӕуыны,
ӕмӕ’хсӕвыгон дӕр йӕ цырагъ нӕ ахуыссы.
19Йӕ къухтӕм райсы ӕлвисӕн,
йе’нгуылдзтӕ ӕлхуи уӕгъд нӕ кӕнынц.
20Мӕгуыр лӕгӕн йӕ арм байгом кӕны,
ӕххуысхъуагмӕ йӕ къух бадары.
21Йӕ бинонтӕн митӕй тас нӕу,
се’ппӕтыл дӕр — дывӕлдах хъуымацӕй дарӕстӕ;
22йӕхицӕн дӕр бахуыйы ӕмбӕрзӕнтӕ,
гӕн ӕндахӕй уафт ӕмӕ сӕнт сырх къуымбилӕй — йӕ дарӕс.
23Йӕ сӕрыхицауы йын сахары кулдуары цур зонынц,
йӕ бӕстӕйы хистӕрты’хсӕн фӕбады.
24Гӕн хъуымацӕй дарӕстӕ хуыйы уӕйӕн,
Ханааны сӕудӕджертӕн — астӕубостӕ.
25Хъару ӕмӕ хорз миниуджытӕй йӕхи сфӕлынды,
фидӕнмӕ кӕсы хъӕлдзӕгӕй.
26Йӕ ныхас у куырыхон, хорз зондамынд дзы хъуысы.
27Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары,
ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры.
28Йӕ цот сыстынц ӕмӕ йӕ сыстауынц,
йӕ сӕрыхицау дзы’ппӕлынӕй не’фсӕды:
29«Кады аккаг сылгоймӕгтӕ бирӕ уыди,
фӕлӕ ды се’ппӕты дӕр амбылдтай!»
30Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у,
рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы,
фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис,
уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у.
31Ӕмбӕлгӕ хӕрзиуӕг ын раттут,
сахары кулдуары раз ӕй сыстаут!
Copyright information for OssIBT2022