Proverbs 6
1Мӕ лӕппу! Кӕд искӕй тыххӕй дӕ сӕр лыгмӕ радтай,2уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас,
дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.
3Мӕ лӕппу, уӕдӕ дын ныр кӕд чидӕр хицау сси,
уӕд, цӕмӕй дзы фервӕзай, уый тыххӕй афтӕ бакӕн:
ацу, йӕ къӕхты бынмӕ йын ӕрхау,
ӕнӕрӕнцойӕ йын лӕгъстӕ кӕн.
4Дӕхицӕй хуыссӕг фӕсур,
дӕ цӕстытӕ мауал бацъынд кӕн,
5сычъийау дӕхи ратон сурджытӕй,
маргъау къӕппӕгӕй ратӕх.
6Магуса! Ацу-ма мӕлдзыгмӕ,
ӕмӕ, куыд архайы, уымӕ бакӕс,
йӕ уӕлзондыл ын сахуыр у.
7Нӕдӕр ын хицау ис,
нӕдӕр — цӕстдарӕг, нӕдӕр — паддзах,
8фӕлӕ сӕрды ӕвӕрӕнтӕ скӕны,
хуымгӕрдӕн афон йӕхицӕн хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕны.
9Зивӕггӕнаг! Кӕдмӕ хуысдзынӕ,
райхъал ӕмӕ сыстын афон дын нӕма у?
10Чысыл ма куы афынӕй уай
ӕмӕ куы арӕдзӕ-мӕдзӕ кӕнай,
кӕнӕ ӕгуыстӕй фылдӕр куы абадай,
11уӕд дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕнис мӕгуырдзинад,
абырӕгау ӕрбацӕудзӕни гӕвз.
12Ӕнаккаг ӕмӕ фыдгӕнӕг чи у,
уымӕн мӕнг ныхас йе’взагӕй нӕ хизы.
13Куы йӕ цӕст ӕрныкъулы,
куы йӕ къах зӕххыл ӕртъӕпп кӕны,
куы та йе’нгуылдзтӕй цыдӕртӕ амоны.
14Йӕ зӕрдӕйы ӕдзух — мӕнгдзинад,
йӕ хъуыдыты — фыдвӕндтӕ,
ӕдзухдӕр тауы хъаугъатӕ.
15Афтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йыл
ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн,
ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфдзӕн
ӕмӕ йӕ ничиуал фервӕзын кӕндзӕн.
16Дунедарӕгӕн ӕхсӕз хъуыддаджы сты ӕнӕуынон,
ӕвдӕммӕ та ӕлгъаджы цӕстӕй кӕсы:
17хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг,
ӕнаххосты марӕг къухтӕ,
18фыдвӕндтӕ цы зӕрдӕйы гуырынц, уый,
фыдбылыз саразынмӕ згъорӕг къӕхтӕ,
19мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн
ӕмӕ дыууӕ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг.
20Мӕ лӕппу! Хъахъхъӕн дӕ фыды фӕдзӕхст,
ма рох кӕн дӕ мады ныстуан.
21Дӕ зӕрдыл сӕ дар ӕдзухдӕр,
дӕ хъуыры сӕ фӕрдгуытау бакӕн.
22Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты,
куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты,
куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты.
23Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ,
ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.
24Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты хъахбай сылӕй,
кӕйдӕр усы мӕлгъӕвзагӕй.
25Йӕ рӕсугъдмӕ йын ма бабӕлл дӕ зӕрдӕйы,
йӕ цӕстыхауты тъӕбӕрттӕй йын ма атай.
26Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай,
уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ,
уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы.
27Исчи йӕ роны зынг куы бавӕра,
уӕд уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ дарӕс ма басудза?
28Судзгӕ’взалытыл бӕгъӕввадӕй куы ацӕуай,
уӕд дӕ къӕхтӕ нӕ басудздзынӕ?
29Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи’рцӕуы,
уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы,
уӕд ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайы.
30Хуыснӕг, ӕрмӕст йӕ гуыбын бафсадыны тыххӕй
исты куы адавы, уӕд ын карз тӕрхон нӕ фӕкӕнынц.
31Фӕлӕ йӕ куы’рцахсынц, уӕд, цы адавта,
уый авд ахӕмӕй бафиды,
йӕ хӕдзары исбон иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуы.
32Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй,
йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.
33Над ӕмӕ худинаг бавзардзӕн,
йӕ фидиссаджы кой никуы ферох уыдзӕн.
34Уымӕн ӕмӕ карз уыдзӕн йӕ мойы зӕрдӕхсайд,
мастисӕн бон нӕ ныббардзӕн.
35Ницавӕр фиддоныл сразы уыдзӕн,
цасфӕнды лӕвӕрттӕ йын куы кӕнай,
уӕддӕр разыйӕ ницӕмӕй баззайдзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022