Proverbs 8
1Уый Уӕлзонды сидт нӕу, цымӕ?Зонды хъӕлӕс нӕ азӕлы?
2Фӕндаджы сӕрмӕ уӕлхохыл,
стӕй, фӕндаг кӕм акъабуз ис,
уыцы ран слӕууы,
3сахары кулдуары цур йе’рдиаг хъуысы,
сахармӕ бацӕуӕны раз хъӕр кӕны:
4«О, адӕм, ӕз сымахмӕ сидын,
адӕммӕ кӕнын хъӕрахст!
5Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут,
ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!
6Байхъусут мӕм, уымӕн ӕмӕ мӕ ныхас асхджиаг у,
рӕстдзинад хъуысы мӕ дзыхӕй,
7ме’взаг хъусын кӕны ӕцӕгдзинад —
ӕнаккагдзинад ме’взагӕн ӕлгъаг у.
8Мӕ ныхӕстӕ иууылдӕр раст сты,
сайд ӕмӕ мӕнгдзинад дзы нӕй.
9Зондджын мын мӕ ныхӕстӕ’мбары,
зонынадӕй чи схайджын ис, уый сӕ растыл нымайы.
10– 11Мӕ зондамынд уын ӕвзистӕй зынаргъдӕр суӕд,
зонынадӕн сыгъзӕринӕй фылдӕр аргъ кӕнут,
уымӕн ӕмӕ уӕлзонд налхъуыт-налмастӕй хуыздӕр у,
цӕмӕ фӕбӕллынц, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
12Ӕз Уӕлзонд дӕн, раст зондахаст мемӕ ис,
зонынад ӕмӕ дардуынӕг зонд мӕнмӕ сты.
13Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис,
уымӕн фыддзинад ӕнӕуынон у.
Сӕрыстыр ӕмӕ схъӕлдзырд,
галиу фӕндаг ӕмӕ мӕнгӕвзаг ӕнӕуынон сты мӕнӕн.
14Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты;
ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.
15Мӕ фӕрцы паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц,
барджын хицӕуттӕ раст тӕрхон рахӕссынц;
16бӕстӕты хицӕуттӕ ӕмӕ’лдӕрттӕ,
дунейы ӕппӕт тӕрхоны лӕгтӕ
хицауиуӕг кӕнынц мӕ фӕрцы.
17Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын,
чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
18Мӕнмӕ сты хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад,
ӕвидигӕ фарн ӕмӕ рӕстдзинад.
19Мӕ дыргътӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй хуыздӕр,
сыгъдӕг ӕвзистӕй ӕз фылдӕр пайда’рхӕсдзынӕн.
20Ӕз цӕуын раст фӕндагыл,
раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,
21цӕмӕй, чи мӕ уарзы, уыдонӕн
аккаг хорзӕхтӕ балӕвар кӕнон,
байдзаг сын кӕнон сӕ хӕзнадӕттӕ.
22Дунедарӕг мӕн сфӕлдыста Йӕ фӕндаджы райдиан,
Йе’ппӕт хъуыддӕгты размӕ, рагзаманы.
23Ӕз фӕзындтӕн раджы, заманты размӕ,
дуне сфӕлдисыны агъоммӕ.
24Ӕз райгуырдтӕн ӕнӕбын сӕрсӕфӕнтӕ
ӕмӕ денджызты разӕй;
25– 26хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ нӕма сӕвзӕрдысты,
зӕхх, быдыртӕ ӕмӕ дунейы фыццаг рыджы муртӕн
сӕ кой дӕр нӕма уыди, афтӕ ӕз райгуырдтӕн.
27Дунедарӕг уӕлӕрвтӕ куы айтыгъта,
уӕд ӕз Йӕ разы уыдтӕн.
Ӕнӕбын сӕрсӕфӕны сӕрмӕ зиллакк куы нывӕста,
28уӕлейӕ куы ӕвӕрдта ӕврӕгътӕ,
арф сӕрсӕфӕны — доны гуырӕнтӕ,
29дӕттӕн сӕ бон ахизын кӕй сӕрты нӕ уыд,
денджызӕн ахӕм арӕн куы скодта,
зӕххӕн бындуртӕ куы ӕвӕрдта,
30уӕд ӕз Йӕ разы нывгӕнӕг уыдтӕн,
ӕрвылбоны цин Ын фестадтӕн.
Ӕз цин кодтон ӕдзухдӕр Йӕ разы,
31цин кодтон Йӕ зӕххон дунейыл, адӕмыл.
32Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ:
мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!
33Мӕ зондамындмӕ мын байхъусут
ӕмӕ куырыхон суыдзыстут, уӕхи йыл ма атигъ кӕнут.
34Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы,
мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!
35Чи мӕ ссардта, уый схайджын ис цардӕй
ӕмӕ Дунедарӕджы хорзӕх айсдзӕни.
36Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы,
ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».
Copyright information for
OssIBT2022