Proverbs 9
1Уӕлзонд йӕхицӕн сарӕзта хӕдзар,авд цӕджындзы йын слӕгъз кодта;
2ӕрцӕттӕ кодта дзидза, алы хъацӕнтимӕ — сӕн
ӕмӕ фынгтӕ сӕвӕрдта.
3Уый фӕстӕ йӕ унӕутты арвыста,
цӕмӕй сахары уӕлвӕзтӕй хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕной:
4«Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!»
Ӕнӕзӕндтӕн дӕр загъта:
5«Рацӕут, мӕ минасӕй мын бахӕрут,
бануазут, хъацӕнтӕ цы сӕныл ӕркодтон, уымӕй!
6Уе’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут,
зонды фӕндагыл цӕут!»
7Ӕдзӕсгомӕн зонд чи амона,
уый йӕхи сӕгад кӕндзӕн;
ӕнӕхуыцауы азымджын чи кӕна,
уый йӕхи фӕхудинаг кӕндзӕн.
8Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн,
науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ,
куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн.
9Куырыхонӕн зонд бацамон,
ӕмӕ йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн,
раст адӕймаджы сахуыр кӕн,
ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн.
10Хуыцауӕй тӕрсын — куырыхон зонды райдиан,
Уаз Хуыцауы базонын — ӕмбаргӕ зонды ӕвдисӕн.
11Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты,
дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.
12Кӕд куырыхон дӕ, уӕд дын дӕ уӕлзонд пайда хӕссы,
кӕд ӕдзӕсгом, уӕд та дӕхӕдӕг фыдӕбон бавзардзынӕ.
13Ӕдылыдзинад у ӕнӕзонд, хъӕргӕнаг
ӕмӕ ӕнӕфенд сылгоймаджы’нгӕс.
14Йӕ хӕдзармӕ бацӕуӕны цур,
сахары уӕлвӕзтыл, къӕлӕтджыны сбады,
15цӕмӕй, йӕ рӕзты чи цӕуы, уыдонмӕ сида:
16«Ӕнӕхинтӕ, рацӕут ардӕм!»
Ӕнӕзӕндтӕн зӕгъы:
17«Давӕггаг дон адджындӕр у,
давд кӕрдзын — бирӕ хӕрзаддӕр!»
18Уыдон нӕ зонынц, уым мӕрдтӕ кӕй сты, уый,
йӕ уазджытӕ мӕрдтыбӕстӕм кӕй бацӕуынц.
Copyright information for
OssIBT2022