Proverbs 1
1Соломоны, Израилы паддзах Давиды фырты, ӕмбисӕндтӕ:2уӕлзонд ӕмӕ зондамындмӕ
сӕххӕссын кӕй фӕнды, уыдонӕн;
куырыхонты ныхӕсты мидис бамбарынӕн;
3зонд, рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы уагӕвӕрдтӕ
ӕххӕст кӕнынӕн;
4ӕнӕхинты арфуынӕг скӕндзысты,
зонынад сын ратдзысты,
зондӕй сӕ схайджын кӕндзысты.
5Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой,
уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты,
ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,
6ӕмбисӕндтӕ, куырыхонты зыниртасӕн ныхӕстӕ,
уыци-уыцитӕ бамбардзысты.
7Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас;
зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
8Мӕ лӕппу, дӕ фыды зондамындмӕ байхъус,
ма ферох кӕн дӕ мады фӕдзӕхст;
9уый дӕ сӕрӕн — диссаджы кады худ,
дӕ хъуырӕн — фӕрдгуытӕ.
10Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой,
уӕд-иу сын ды ма баком.
11Цыбӕл дӕ кӕндзысты:
«Цом немӕ, ӕмӕ ӕнаххосты бахъахъхъӕнӕм,
сӕ размӕ бабадӕм, сӕ туг сын ныккалӕм;
12удӕгасӕй сӕ аныхъуырӕм мӕрдтыбӕстау,
ӕд хъуын, ӕд хъис сӕ фӕдӕле кӕнӕм,
ингӕнмӕ чи ныххауы, уыдонау;
13алыхуызон зынаргъ дзауматӕ байсдзыстӕм,
нӕ хӕдзӕрттӕ ӕфтиагӕй байдзаг кӕндзыстӕм.
14Немӕ хӕлттӕ сӕппардзынӕ, не’мхуызон хай айсдзынӕ».
15Мӕ лӕппу, ма-иу ацу семӕ, дӕхи хиз сӕ фӕндагӕй,
16уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ,
искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.
17– 18Мӕргътӕн сӕ цӕстыты раз ахсӕн хыз сӕвӕрынӕй
куыд ницы пайда ис, афтӕ уыдон дӕр, искӕй размӕ бабадгӕйӕ,
сӕхи туг ныккалынц, сӕхи фӕхъахъхъӕнынц.
19Ахӕм сты, искӕй мулкмӕ чи бӕллы,
уыдоны фӕндӕгтӕ: сӕхӕдӕг сӕхи бабын кӕнынц.
20Сахары уынгты Уӕлзонды хъӕлӕс хъуысы, фӕзты хъӕр кӕны,
21адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым лӕгъстӕйӕ куры,
сахары кулдуары раз райхъуысы йӕ ныхас:
22«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ?
Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут?
Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
23Мӕ уайдзӕфтӕм мын уе’ргом куы раздахиккат,
уӕд уӕ ӕз схайджын кӕнин мӕ монӕй,
мӕ ныхас уын фехъусын кӕнин.
24Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат,
мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.
25Мӕ уынаффӕтӕ мын ницӕмӕ’рдардтат,
мӕ уайдзӕфтӕ мын ничи айста йӕ зӕрдӕмӕ.
26Уӕдӕ уын ӕз дӕр уӕ фыдбылызыл фӕхуддзынӕн,
ӕвирхъау тас уыл куы бахӕца, уӕд хынджылӕг кӕндзынӕн.
27Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына,
зилгӕ дымгӕйау уӕм куы’рбабырса,
маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,
28уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн,
агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.
29Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси,
Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа,
уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,
30мӕ уынаффӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй ничи айста,
мӕ уайдзӕфтыл мын ӕлгъ кӕй кодтой,
31уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты,
ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.
32Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты,
ӕдылыты се’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.
33Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй,
фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022