‏ Proverbs 10

1Соломоны ӕмбисӕндтӕ.
Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы,
ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.
2Мӕнг хъуыддӕгты фӕрцы дӕ къухы
цы хӕзнатӕ бафтой, уыдонӕй пайда нӕй;
раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд мӕлӕтӕй фервӕздзынӕ.
3Дунедарӕг рӕстуды’ххормагӕй нӕ ныууадздзӕн,
фӕлӕ, ӕнӕхуыцау сыдӕй куы мӕла,
уӕд ыл Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
4Зивӕггӕнаг къухтӕ мӕгуырмӕ’ркӕнынц,
кусаг къухтӕ — хъӕздыгдзинадмӕ.
5Сӕрды тыллӕг чи ӕмбырд кӕны,
уый зондджын лӕппу у,
хуымгӕрдӕн афон фынӕй чи кӕны,
уый та — ӕдылы.
6Рӕстуды сӕрыл — арфӕты кады худ;
ӕнӕхуыцауӕн йе’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
7Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты,
тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.
8Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст,
дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у,
уый та фыдбылызы бахаудзӕн.
9Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у,
галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы,
уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.
10Йӕ цӕстытӕ чи ныкъулы,
уый исты фыдбылыз сараздзӕн,
ӕдылы ӕмӕ къӕбӕда чи у,
уый фыдбылызы бахаудзӕн.
11Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон,
ӕнӕхуыцауӕн йе’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.
12Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы,
уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары.
13Зондджынӕн йе’взагыл уӕлзонд цӕры,
ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы.
14Куырыхонтӕ хъахъхъӕнынц зонынад,
ӕдылыйӕн та йе’взаг йе сӕфт хӕстӕгдӕр кӕны.
15Хъӕздыгӕн йӕ исбон — фидар мӕсыг,
мӕгуыр лӕгӕн йӕ мӕгуырдзинад — йе сӕфт.
16Рӕстуды фӕллӕйттӕ — царды сӕраппонд,
ӕнӕхуыцауӕн та йе’фтиаг — тӕригъӕд ракӕнынӕн.
17Зондамындмӕ чи хъусы, уый царды фӕндагыл цӕуы,
уайдзӕфтӕ чи ницӕмӕ дары, уый фӕдзӕгъӕл уыдзӕн.
18Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы;
ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.
19Бирӕ чи дзуры, уый тӕригъӕдӕй йӕхи нӕ бахиздзӕн,
йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый зондджын у.
20Рӕстуды’взаг — ӕвзаргӕ’взист,
ӕнӕхуыцауы зӕрдӕйӕн та цӕй аргъ ис?
21Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц,
зондцухты та се’дылы зонд фесафы.
22Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны,
ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.
23Ӕдылы чъизи митыл цин кӕны,
зондджын та — уӕлзондыл.
24Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ’рцӕудзысты,
рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты.
25Зилгӕ дымгӕ рацыди — ӕнӕхуыцау фесӕфти,
рӕстуд та мыггагмӕ фидар уыдзӕн.
26Дзымари дзых смаст кӕны, фӕздӕг цӕстытӕ къахы,
магуса дӕр йе’рвитджытӕн — уыдоны’нгӕс.
27Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый бирӕ цӕры,
ӕнӕхуыцауӕн йӕ азтӕ нымад сты.
28Рӕстудӕн йӕ зӕрдӕдарӕн цин хӕссы,
ӕнӕхуыцауӕн йӕ бӕллицтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты.
29Сыгъдӕгзӕрдӕйӕн Дунедарӕджы фӕндаг — хъахъхъӕнӕг мӕсыг,
фыдгӕнӕджы та тасы’фтауы.
30Рӕстуд мыггагмӕ нӕ фӕцуддзӕн,
ӕнӕхуыцӕуттӕ зӕххыл нӕ баззайдзысты.
31Рӕстуды ӕвзагӕй уӕлзонд тӕдзы,
фыд ӕвзаг та къуырд ӕрцӕудзӕнис.
32Рӕстуды’взаг хъӕугӕ ныхас зоны,
ӕнӕхуыцауӕн йе’взаг — зианхӕссӕг.
Copyright information for OssIBT2022