‏ Proverbs 13

1Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы,
ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.
2Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды,
мӕнгард лӕг та тыхмийӕ цӕры.
3Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ цард хъахъхъӕны,
рӕузонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый йӕхи фесафдзӕн.
4Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы,
ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.
5Рӕстудӕн мӕнг ныхас ӕнӕуынон у,
ӕнӕхуыцау та йӕхи сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг кӕны.
6Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы,
тӕригъӕдджыны йе’наккагдзинад фесафы.
7Иуӕй-иу йӕхицӕй хъӕздыг аразы,
афтӕмӕй йӕм мур дӕр ницы ис,
кӕмӕндӕр та йӕ исбон — бирӕ,
фӕлӕ йӕхи мӕгуыр хоны.
8Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы,
фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.
9Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы,
фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.
10Хирвӕссондзинад загъд къахы,
уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.
11Хӕлофӕй цы’фтиагыл фӕхӕст уай,
уый уайтагъд фӕцыдӕр уыдзӕн,
чысылгай цы мулк фембырд кӕнай,
ууыл ма ноджыдӕр бафтдзӕн.
12Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕдарӕн куы не’ххӕст кӕна,
уӕд йӕ зӕрдӕ фӕлмӕцгӕ кӕны,
чи сӕххӕст ис, уыцы бӕллиц та — царды бӕлас.
13Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы,
фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны,
уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.
14[Мӕнгард фырт хорзӕй ницы ссардзӕн;
ӕмбаргӕ цагъар йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын.]
15Куырыхоны зондамынд — царды гуырӕн,
мӕлӕты къӕппӕгӕй дӕ фервӕзын кӕндзӕн.
16Раст зондахаст хорзӕхӕй схайджын кӕны,
мӕнгардты фӕндаг сӕфтмӕ’ркӕны.
17Цыргъзонд зондимӕ архайы,
ӕдылы та йе’рра митӕй бӕрӕг дары.
18Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона,
иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.
19Зондамындыл йӕхи чи атигъ кӕна,
уый сӕгад ӕмӕ сгӕвзыкк уыдзӕн;
зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уый та — кадджын.
20Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы,
уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны;
ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ
ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
21Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай,
уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ,
ӕдылытимӕ куы баиу уай,
уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.
22Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз,
рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.
23Хӕларзӕрдӕ адӕймаг йӕ цоты цотӕн бынтӕ ныууадзы,
тӕригъӕдджыны исбон та — рӕстуды хай.
24Мӕгуыр лӕджы хуымы дӕр бирӕ тыллӕг ӕрзайы,
фӕлӕ галиу миты аххосӕй йӕ хорӕй ӕнӕхай фӕвӕййы.
25Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы,
фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.
26Рӕстуд — ӕфсӕст, ӕнӕхуыцау сыдӕй мӕлы.
Copyright information for OssIBT2022