Proverbs 15
1Сабыр ныхас маст уромы,цӕхгӕр ныхас загъд къахы.
2Куырыхоны’взаг зонындзинӕдтӕ тауы,
зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
3Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц:
фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ,
хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.
4Сабыр ныхас — царды бӕлас,
сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.
5Ӕдылы йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары,
уайдзӕфтӕм лӕмбынӕг чи хъусы, уый зондджын у.
6Рӕстуды хӕдзары бирӕ хӕзнатӕ ис,
ӕнӕхуыцауӕн та йе’фтиаг фыдбылыз ӕрхӕсдзӕн.
7Куырыхоны’взаг зонынад тауы,
ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.
8Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны,
рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.
9Дунедарӕгӕн ӕнӕхуыцауы фӕндаг ӕлгъаг у,
раст фӕндагыл чи цӕуы, ахӕмы уарзы.
10Раст фӕндаг чи ныууагъта, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн,
уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый фесӕфдзӕн.
11Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ Аваддон Дунедарӕджы раз гом сты,
уӕлдайдӕр та — адӕмы зӕрдӕтӕ.
12Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы,
куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
13Зӕрдӕ цин куы фӕкӕны,
уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы;
зӕрдӕйы маст — уды хъынцъым.
14Зондджыны зӕрдӕ зонынадмӕ тырны,
ӕдылы та йе’дылы зондӕй ӕфсӕды.
15Ӕнамонд адӕймаг цӕрӕнбонты — ӕрхӕндӕг,
йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у,
уымӕ та алы бон дӕр — куывд.
16Фӕлтау дӕм бирӕ ма уӕд,
фӕлӕ дӕм уӕд тас Дунедарӕджы раз,
бирӕ мулк дӕм куы уа,
уӕд уымӕн тӕрсыны бӕсты.
17Уарзондзинад кӕм цӕры,
уым сихорыл халсартӕ бахӕрын хуыздӕр у,
цӕйнӕфӕлтау — хӕрзхаст гал,
ӕнӕуынондзинад кӕм цӕры, уым.
18Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы,
фӕразон загъд басабыр кӕны.
19Зивӕггӕнагӕн йӕ фӕндаг — сындзытӕй йедзаг,
рӕстудты фӕндаг лӕгъз у.
20Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы,
ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.
21Зондцух йе’дылы митыл цин кӕны,
зондджын раст фӕндагыл цӕуы.
22Уынаффӕгӕнӕг куынӕ уа,
уӕд хъуыддаг нӕ сырӕздзӕн,
уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ куы уой,
уӕд алцыдӕр къухы бафтдзӕнис.
23Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у,
уыцы адӕймаг цин кӕны,
ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!
24Зондджын царды фӕндагыл хӕрдмӕ цӕуы,
мӕрдтыбӕстӕй йӕхи бахизы.
25Дунедарӕг сӕрыстырты хӕдзӕрттӕ фехалы,
фӕлӕ идӕдзы арӕнтӕ хъахъхъӕны.
26Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты,
хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.
27Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы;
гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.
28Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ
лӕмбынӕг ахъуыды кӕны,
ӕнӕхуыцауы’взаг хорзӕй ницы ракалы.
29Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у,
рӕстуды куывдмӕ хъусы.
30Рухс цӕстӕнгас зӕрдӕйӕн цин хӕссы,
хорз уац лӕджы стӕгвидар кӕны.
31Раст уайдзӕфтӕм чи хъусы,
уый куырыхонтимӕ балымӕн уыдзӕн.
32Зондамынд чи ницӕмӕ дары,
уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн;
уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.
33Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл,
кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.
Copyright information for
OssIBT2022