Proverbs 2
1Мӕ лӕппу! Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай,мӕ зондамынд мын дӕ уды рӕбын куы бавӕрай,
2дӕ хъус куы’рбадарай уӕлзондмӕ,
дӕ зӕрдӕ зонды’рдӕм куы саразай,
3зонынадмӕ куы сидай
ӕмӕ лӕгъстӕйӕ зонд куы курай,
4куы йӕм бӕллай, ӕвзистау ӕй куы агурай,
5уӕд Дунедарӕгӕй тӕрсын цы нысан кӕны,
уый бамбардзынӕ, уӕд базондзынӕ Хуыцауы.
6Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны,
зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.
7Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз,
тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.
8Уый хъахъхъӕны раст адӕмы фӕндӕгтӕ,
ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны цӕуӕнтӕ.
9Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы,
алы хорз фӕндаджы мидис.
10Уӕлзонд дӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕн,
ӕмӕ зонынад дӕ удӕн ӕхсызгон уыдзӕн.
11Дӕ дардмӕуынӕг зонд дӕ хъахъхъӕндзӕн,
дӕ зонд-иу дӕ бахиздзӕн.
12Уӕлзонд-иу дӕ фервӕзын кӕндзӕн
галиу фӕндӕгтӕй ӕмӕ сайӕгойтӕй;
13талынг фӕндӕгтыл цӕуыны мондагӕй,
раст фӕндаг чи ныууагъта,
14йӕ фыдракӕндтыл цин чи кӕны,
ӕнӕуаг ӕмӕ ӕвзӕр митӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн райы,
15галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы
ӕмӕ, йӕхи фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонӕй.
16Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй,
моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,
17йе’взонджы бонтӕй йын цы сӕрыхицау уыд,
уый кӕмӕй ферох ис,
йӕ Хуыцауы фӕдзӕхстыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уымӕй.
18Йӕ хӕдзар — мӕлӕтмӕ фӕндаг,
йӕ цӕуӕнтӕ дӕ мӕрдтимӕ баиу кӕндзысты.
19Мидӕмӕ йӕм чи бахизы,
уый царды фӕндагыл нал ацӕуы.
20Уымӕ гӕсгӕ раст адӕмы фӕндӕгтыл цу,
рӕстгӕнджыты цӕуӕнтыл фидар хӕц.
21Уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрдзысты рӕстгӕнджытӕ,
рӕстзӕрдӕтӕ йыл баззайдзысты,
22ӕнӕхуыцӕуттӕ та фӕхъӕудзысты зӕххӕй,
фӕлитойты сӕ бындзарӕй срӕдувдзысты.
Copyright information for
OssIBT2022