‏ Proverbs 24

1Фыдзӕрдӕтӕм хӕлӕг ма кӕн ӕмӕ се’хсӕнмӕ ма тырн,
2уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдыты фыдвӕндтӕ йеддӕмӕ ницы ис,
фыдбылызты кой фӕкӕнынц.
3Хӕдзар арӕзт ӕрцӕуы уӕлзонды фӕрцы
ӕмӕ сфидар вӕййы раст зондӕй,
4зонынады руаджы йӕ уӕттӕ байдзаг вӕййынц
зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд исбонӕй.
5Куырыхон — тыхджын, бирӕзонаг — хъомысджын.
6Тохы куы бацӕуай, уӕд уынаффӕтӕм хъус,
уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым — уӕлахиз.
7Ӕдылы не’ххӕссы уӕлзондмӕ,
сахары кулдуары цур йӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп не схауы.
8Фыдвӕндтӕ чи аразы, уый фыдвӕндгӕнӕг схондзысты.
9Ӕдылыйы фӕндтӕ — тӕригъӕдджын,
ӕдзӕсгомыл адӕм ӕлгъ кӕнынц.
10Бӕллӕхы заман кӕд лӕмӕгъ разындтӕ,
уӕд хъаруйӕ мӕгуыр дӕ.
11Марынмӕ кӕй фӕкӕнынц, уыдоны фервӕзын кӕн,
сӕфты къахыл чи лӕууы, уыдонӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
12Ды зӕгъдзынӕ: «Ӕмӕ мах уый тыххӕй куы ницы зыдтам!»
Фӕлӕ зӕрдӕтӕ Фӕлварӕг, ау, ницы зоны?
Дӕ цард Хъахъхъӕнӕг зоны алцыдӕр,
алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзӕн.
13Мӕ лӕппу, мыд хӕр, уымӕн ӕмӕ мыд хорз у,
мыды фӕзгъӕртӕ дын дӕ дзых садджын кӕндзысты.
14Уӕлзонд дӕр ахӕм у дӕ удӕн,
кӕд ӕй ссарай, уӕд дын ис фидӕн,
дӕ зӕрдӕдарӕн сӕфт нӕ уыдзӕн.
15Ӕнӕхуыцау! Рӕстуды хӕдзары раз асадӕны ма бад,
йӕ хӕдзар ын ма сафтид кӕн,
16уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис,
ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты.
17Де знаг куы’рхауа, уӕд ма цин кӕн
ӕмӕ, куы фӕкӕла, уӕд дӕ зӕрдӕ ма райӕд,
18уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг уый куы фена,
уӕд Ын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы Йӕ маст аздахдзӕн.
19 20Фыдгӕнджытӕм ма мӕсты кӕн,
ӕнӕхуыцӕуттӕм хӕлӕг ма кӕн,
уымӕн ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн фидӕн нӕй,
ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цырагъ ахуысдзӕн.
21Мӕ лӕппу, Дунедарӕгӕй ӕмӕ паддзахӕй тӕрс,
дӕхи хиз змӕнтджытӕй,
22уымӕн ӕмӕ уыдоныл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн:
цавӕр бӕллӕх сӕ баййафдзӕн, уый ничи зоны.
23Мӕнӕ ма ноджыдӕр куырыхонты’мбисӕндтӕ:
тӕрхондоны искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу.
24Аххосджынӕн, раст дӕ, зӕгъгӕ, чи дзуры,
уый адӕмтӕ’лгъитдзысты, знӕмтӕн ӕнӕуынон суыдзӕнис.
25Фӕлӕ азымджыны чи бафхӕры,
уыдон ӕнтыстджын ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты.
26Раст дзуапп чи ратты, уый цыма былтӕн аба кӕны.
27Раздӕр уал дӕ кӕртмӕ базил ӕмӕ дӕ хуымты куыст бакӕн,
уый фӕстӕ дӕхицӕн хӕдзар араз.
28Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу —
сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй.
29Афтӕ ма зӕгъ: «Уый мын куыд бакодта,
ӕз дӕр ын афтӕ бакӕндзынӕн,
йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзынӕн».
30Иу хатт фӕцӕйцыдтӕн магусайы хуымы цурты,
ӕнӕзонд адӕймаджы сӕндоны рӕзты.
31Йӕ зӕхх какон сындзытӕй байдзаг,
хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕцис,
дурӕй амад гӕрӕн ныккалди.
32Ӕз кастӕн ӕмӕ хъуыды кодтон,
мӕнӕ цы федтон ӕмӕ бамбӕрстон:
33иу чысыл афынӕй кӕндзынӕ,
чысыл арӕдзӕ-мӕдзӕ кӕндзынӕ,
иу чысыл ницы кусгӕйӕ абаддзынӕ,
34ӕмӕ дӕм дзӕгъӕлдзуйау фӕзындзӕн гӕвз,
абырӕгау — мӕгуырдзинад.
Copyright information for OssIBT2022