Proverbs 26
1Сӕрдыгон мит куыд нӕ хъӕуы,хуымгӕрдӕн афон — къӕвда,
зондцухӕн дӕр кад кӕнын афтӕ нӕ фидауы.
2Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны
ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы,
афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.
3Бӕхӕн — ехс, хӕрӕгӕн — идон,
ӕдылыйы рагъӕн та — уис.
4Ӕдылыйӕн зондцухау дзуапп ма дӕтт,
науӕд дӕхӕдӕг дӕр уый хуызӕн суыдзынӕ.
5Ӕдылыйӕн дзуапп ратт ӕнӕзондау,
науӕд йӕхимӕ зондджын кӕсдзӕн.
6Фӕнды дӕ къӕхтӕ сӕ рӕбынӕй алыг кӕн
кӕнӕ фыдбылызы бахау,
фӕнды дӕ хъуыддаг ӕдылыйӕн бабар кӕн.
7Къуылых лӕгӕн йӕ къахайст ӕмраст куыд нӕу,
афтӕ’мбисӕндтӕ дӕр зондцухы’взагыл нӕ фидауынц.
8Фӕнды дурӕхсӕныл дур бабӕтт,
фӕнды ӕдылыйӕн кад кӕн.
9Фӕнды расыггӕнаг какон сындзыл ныззӕгӕл уӕд,
фӕнды зондцух ӕмбисӕндтӕ хӕссӕд.
10Ӕнӕзӕндты кӕнӕ кӕйфӕнды дӕр куыстмӕ чи исы,
уый у, фӕд-фӕдыл се’ппӕты дӕр чи ӕхсы,
уыцы фатӕхсӕджы’нгӕс.
11Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы,
афтӕ зондцух дӕр йе’рра митӕ нӕ фӕуадзы.
12Искуы, йӕхимӕ куырыхон чи кӕсы,
ахӕм адӕймагыл сӕмбӕлдтӕ?
Зондцухыл дӕр ма зӕрдӕ дарӕн фылдӕр ис.
13Магуса дзуры: «Фӕндагыл — домбай!
Уынгты зилы домбай!»
14Дуар йӕ ауындзӕнтыл куыд хъеллау кӕны,
афтӕ магуса дӕр йӕ хуыссӕны ратул-батул фӕкӕны.
15Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы,
фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын нӕ фӕразы.
16Магуса йӕхимӕ, ахъуыдыгӕнгӕйӕ, дзуапп чи ратты,
ахӕм авд лӕгӕй зондджындӕр кӕсы.
17Искӕй хъаугъамӕ йӕ дзых чи дары, уыцы фӕндаггон,
куыдзӕн йӕ хъустӕм чи лӕбуры, уый хуызӕн у.
18Ӕдылы судзгӕ фӕттӕ куыд фехсы
ӕмӕ мӕлӕт куыд тауы,
19уый ӕнгӕс у, йӕ хионы сайгӕйӕ, афтӕ чи дзуры:
«Ӕз ӕрмӕстдӕр хынджылӕг кодтон».
20Ӕнӕ сугӕй арт ахуыссы,
ӕнӕ дам-думтӕй хъаугъа банцайы.
21Тӕвдӕн — ӕвзалы, артӕн — сугтӕ,
загъдӕргом та — загъд къахынӕн.
22Дам-думты ныхӕстӕ цыбӕйлаг хӕйттау
адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц.
23Ӕлыгӕй конд дурын ӕвзистӕй куы саив кӕнай,
раст уый ӕнгӕс сты саузӕрдӕйы уарзӕгой ныхӕстӕ.
24Знаджы ныхас — цурон, йӕ зӕрдӕйы та хин ӕмбӕхсы.
25Кӕд йӕ ныхӕстӕ’хсызгон сты,
уӕддӕр ыл ма баууӕнд, — йӕ зӕрдӕйы авд фыдвӕнды ис.
26Йе’нӕуынондзинад цурон митӕй ӕмбӕхсы,
фӕлӕ уӕддӕр йӕ хӕрам адӕмы раз раргом уыдзӕн.
27Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн;
дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.
28Фӕлитойӕн йӕ амӕттаг — ӕнӕуынон,
сайӕгой ӕвзаг фыдбылыз цӕттӕ кӕны.
Copyright information for
OssIBT2022