‏ Proverbs 27

1Райсомы бонӕй ма раппӕл, —
йемӕ цы’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.
2Дӕхӕдӕг ма ӕппӕл дӕхицӕй,
уадз ӕмӕ дӕ’ндӕр исчи раппӕла.
3Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу,
фӕлӕ зондцухы митӕ — ноджы уӕззаудӕр.
4Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын,
фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?
5Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф — хуыздӕр.
6Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ уайдзӕф дӕр — зӕрдиаг;
ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уымӕн та йӕ батӕ дӕр — гӕды митӕ.
7Хӕринагӕй чи фелгъӕд ис,
уый мыды фӕзгъӕртӕ къахӕй ссӕнды,
ӕххормагмӕ та маст дӕр адджын кӕсы.
8Йӕ райгуырӕн къона чи ныууадзы, уый,
йӕ ахстонӕй цы маргъ фӕхицӕн ис, уый хуызӕн у.
9Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты,
ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ’хсызгон у.
10Де’мбӕлтты ӕмӕ дӕ фыды’рдхӕрдты ма рох кӕн;
уынгӕг заман дӕ хӕстӕджытӕм ма цу:
дард ӕфсымӕрӕй хӕстӕг сыхаг — хуыздӕр.
11Зондджын у, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕ дӕ куыд райа, афтӕ,
ӕмӕ уӕд, ме’фхӕрджытӕн
цавӕр дзуапп раттон, уый зондзынӕн.
12Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы,
ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ’фхӕрд баййафы.
13Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта,
уымӕн йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн;
искӕй усы’вджид чи ныллӕууа, уымӕн дӕр афтӕ.
14Сӕумӕрайсом йӕ сыхагӕн хъӕрӕй чи арфӕ кӕны,
уый ӕлгъитӕгыл банымайдзысты.
15Фыдрӕстӕджы къӕвда куыннӕуал фенцайы,
загъдӕргом ус дӕр афтӕ:
16фӕнды дымгӕ уром кӕнӕ дӕ армы сой нылхъив,
фӕнды уый ӕрсабыр кӕныныл архай.
17Ӕфсӕн ӕфсӕны куыд цыргъ кӕны,
афтӕ адӕм дӕр кӕрӕдзийы ӕнаипдӕр кӕнынц.
18Легъуи бӕласмӕ чи зилы, уый йын йӕ дыргътӕй хӕрдзӕн,
йӕ хицауыл чи тыхсы, уый та скадджын уыдзӕн.
19Цӕсгом доны куыд зыны,
афтӕ дӕ зӕрдӕ дӕр искӕй зӕрдӕйы фендзынӕ.
20Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ зындон ӕнӕфсис сты,
адӕймаджы цӕстытӕ дӕр афтӕ.
21Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн,
куынцгом — сыгъзӕринӕн,
лӕджы зӕрдӕ та’ппӕлдӕй атайы.
22Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай,
уӕд дӕр дзы йе’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.
23Дӕ фысты нымадӕй зон, дӕ рӕгъӕуттӕм дзӕбӕх зил,
24уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу
ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт
иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не’рхауы.
25Кӕрдӕг бахус, фӕлӕ та мӕнӕ цъӕхӕй сзынди,
хӕххон уыгӕрдӕнтӕ карст ӕрцыдысты;
26уӕрыччытӕ дын — дарӕсӕн,
сӕныччытӕ — зӕххы хай балхӕнынӕн,
27сӕгъы’хсыр дӕм фаг уыдзӕн,
цӕмӕй дӕ бинонты ӕмӕ дӕ унӕутты бафсадай.
Copyright information for OssIBT2022