Proverbs 29
1Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны,уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн,
ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.
2Рӕстудтӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд адӕм цин фӕкӕнынц,
ӕнӕхуыцау хицауы бынат куы бацахсы, уӕд та хъӕрзгӕ кӕнынц.
3Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы;
хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи’рвиты,
уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны.
4Паддзах раст тӕрхонӕй бӕстӕ сфидар кӕны,
гӕртӕмттӕ чи уарзы, уый та йӕ мӕгуырмӕ’ртӕры.
5Йӕ хионӕн цурон ныхӕстӕ чи кӕны,
уый йын йӕ къӕхты бын ахсӕн хыз ӕвӕры.
6Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг,
рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы.
7Рӕстуд мӕгуыр адӕмы хъаст нӕ рох кӕны,
ӕнӕхуыцауы сӕ хъуыддаг ӕвзарыны мӕт нӕй.
8Ӕдзӕсгӕмттӕ сахар сызмӕнтынц,
куырыхонтӕ маст басабыр кӕнынц.
9Куырыхон ӕдылыимӕ быцӕу куы фӕкӕны,
уӕд хъӕр ӕмӕ хынджылӕгӕй уӕлдай ницы фӕхъусы,
пайда та дзы ницы вӕййы.
10Тугмондаг чи у, уыдонӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг ӕнӕуынон у,
рӕстгӕнджыты фесафынмӕ тырнынц.
11Ӕдылы йӕ маст нӕ уромы,
куырыхон та йӕхиуыл хӕцын зоны.
12Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы,
уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.
13Мӕгуыр лӕгмӕ ӕмӕ тыхгӕнӕгмӕ иумӕйагӕй уый ис:
сӕ дыууӕйӕн дӕр цӕсты рухс Дунедарӕг радта.
14Паддзах мӕгуыртӕн раст тӕрхон куы кӕна,
уӕд йӕ паддзахы бадӕн мыггагмӕ фидар уыдзӕн.
15Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф
адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц,
рохуаты цы сабийы ныууадзай,
уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.
16Ӕнӕхуыцӕуттӕ куы сбирӕ вӕййынц,
уӕд тӕригъӕд парахат кӕны,
фӕлӕ сын рӕстудтӕ се сӕфт фендзысты.
17Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон
ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ,
дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.
18Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц,
уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц;
Хуыцауы’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у.
19Цагъарӕн ӕрмӕст ныхӕстӕй зонд нӕ бацамондзынӕ,
куы сӕ бамбара, уӕд дӕр сӕм йӕ хъус не’рдардзӕн.
20Рӕузонд ныхӕстӕ чи фӕкӕны,
ахӕм адӕймаджы искуы федтай?
Зондцухӕй дӕр ма фылдӕр пайда ис.
21Цагъары йӕ сабийы бонтӕй буц куы дарай,
уӕд дзы хорзӕй ницы рауайдзӕн.
22Мӕстыгӕр загъд къахы,
загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.
23Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн,
сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.
24Хуыснӕджы’мбал йӕхицӕн знаг у:
давӕджы куыд ӕлгъитынц, уый хъусы,
фӕлӕ йӕ дзыхыл хӕцы.
25Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз,
Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.
26Бирӕтӕ бӕллынц бӕстӕйы хицауы хорз зӕрдӕйы ахастмӕ,
фӕлӕ адӕймагӕн Дунедарӕг у тӕрхонгӕнӕг.
27Рӕстгӕнджытӕн ӕнӕхуыцӕуттӕ’лгъаг сты,
ӕнӕхуыцӕуттӕн та — цӕсгомджын адӕм.
Copyright information for
OssIBT2022