‏ Proverbs 3

1Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн,
мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —
2дӕ царды бонтӕ ӕмӕ дӕ азты нымӕц
фӕфылдӕр уыдзысты, фарн дын ӕрхӕсдзысты.
3Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт,
дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау,
дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —
4уӕд схайджын уыдзынӕ Хуыцау ӕмӕ адӕмы
хорзӕх ӕмӕ хӕрзаудӕнӕй.
5Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд,
дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.
6Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай,
уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн,
ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.
7Дӕхи цӕсты куырыхон ма у,
Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —
8уӕд дӕ буар уыдзӕн ӕнӕниз, де стӕг — фидар.
9Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы’фтиаджы сӕрӕй
Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,
10ӕмӕ дӕ къӕбицтӕ уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ уыдзысты,
ног сӕн дӕ сӕндуцӕнты сӕрты акӕлдзӕн.
11Мӕ лӕппу, Дунедарӕджы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс,
Йӕ уайдзӕфтӕ дын хъыг ма уӕнт.
12Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, кӕй уарзы, уыдоны’фхӕры,
фыд, зынаргъ ын чи у, йӕ уыцы фырты куыд бафхӕры, афтӕ.
13Тӕхудиаг у, уӕлзондӕй чи схайджын,
зондмӕ чи сӕххӕссыд, уыцы адӕймаг,
14уымӕн ӕмӕ уӕлзонд ӕвзистӕй пайдадӕр у,
сыгъзӕринӕй фылдӕр ӕфтиаг ратты;
15уӕлзонд — налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр,
цӕмӕ бӕллыс, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
16Уӕлзондӕн йӕ рахиз къухы — бирӕ цӕрӕнбон,
йӕ галиуы — хъӕздыгдзинад ӕмӕ цыт.
17Уӕлзонды фӕндӕгтӕ — цины цӕуӕнтӕ,
иууылдӕр — ӕнӕфыдбылыз.
18Чи дзы схайджын ис, уымӕн у царды бӕлас,
чи йӕ хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты.
19Дунедарӕг уӕлзондӕй зӕххӕн ӕрӕвӕрдта бындур,
уӕлӕрвтӕ сфидар кодта зондӕй.
20Йӕ уӕлзондӕй байгом вӕййынц ӕнӕбын ӕрфытӕ,
ӕврӕгътӕй ӕрлӕдӕрсы ӕртӕх.
21Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис,
раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.
22Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ,
дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.
23Уӕд ӕдасӕй дӕ фӕндагыл ацӕудзынӕ ӕмӕ нӕ фӕкӕлдзынӕ,
24ӕдӕрсгӕйӕ-иу бафынӕй уыдзынӕ
ӕмӕ адджын фынӕй кӕндзынӕ.
25Ма тӕрс, ӕвиппайды цы бӕллӕх ӕрцӕуы, уымӕй,
ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц, уыцы фыдбылызӕй,
26уымӕн ӕмӕ ныфсджын уыдзынӕ Дунедарӕгӕй,
нӕ дӕ бауадздзӕн къӕппӕджы бахауын.
27Истӕмӕй хъуаг чи ӕййафы,
уымӕн дӕ бон хорз ракӕнын куы уа,
уӕд ын «нӕ» ма зӕгъ.
28Дӕ хионӕн афтӕ ма дзур:
«Ацу, райсом ногӕй ӕрбацӕудзынӕ,
ӕмӕ дын уӕд ратдзынӕн», —
цы йын раттай, уый дӕм куы уа, уӕд.
29Дӕ разы ӕдӕрсгӕйӕ чи цӕры,
уый ныхмӕ фыдвӕнд ма араз.
30Адӕймаг дын ӕвзӕрӕй куы ницы ракӕна,
уӕд йемӕ ӕнӕ’фсонӕй ма хыл кӕн.
31Фыдгӕнӕджы цардмӕ ма хӕлӕг кӕн,
йӕ фӕндӕгтӕй йын иу дӕр ма равзар,
32уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсты
мӕнгард адӕймаг ӕлгъаг у,
цӕсгомджын чи у, уыдоныл ӕууӕнды.
33Дунедарӕджы’лгъыст ӕнӕхуыцауы хӕдзарыл сӕмбӕлы,
рӕстуды хӕдзарыл та ӕруадзы Йӕ арфӕ.
34Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн,
сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.
35Куырыхонтӕ скадджын уыдзысты,
зондцухтӕ та худинаджы бын фӕуыдзысты.
Copyright information for OssIBT2022