‏ Proverbs 4

1Байхъусут, лӕппутӕ, уӕ фыды зондамындмӕ;
лӕмбынӕг хъусут, ӕмӕ уӕ зондыл бафтдзӕнис.
2Ӕз уӕ хорз зондыл сахуыр кӕндзынӕн,
ма мын ферох кӕнут мӕ фӕдзӕхст.
3Мӕнӕн дӕр уыди фыд ӕмӕ мад,
ӕз дӕр сын уыдтӕн уарзон хъӕбул, сӕ цӕсты рухс.
4Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта:
«Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар,
мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
5Уӕлзонды хӕзнатӕ агур, зондагурӕг зил,
цы дын загътон, уыдӕттӕ ма ферох кӕн,
дӕхи сыл ма атигъ кӕн.
6Уӕлзонд рохуаты куынӕ ныууадзай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзӕн,
уарзгӕ йӕ кӕн, ӕмӕ дӕ бахиздзӕн.
7Куырыхон зонды райдиан — уӕлзонд агурӕг зилын,
де’ппӕт исбонӕй дӕр зонд балхӕн.
8Уӕлзондӕн аргъ кӕн, ӕмӕ дӕ бӕрзонд бынатмӕ сисдзӕн,
дӕ хъӕбысы йӕ бакӕн, ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзӕн.
9Рӕсугъд кады худ дын ӕркӕндзӕн дӕ сӕрыл,
диссаджы кады худ дын балӕвар кӕндзӕн.
10Мӕ лӕппу, байхъус мын мӕ ныхӕстӕм,
дӕ зӕрдӕмӕ сӕ айс ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзынӕ.
11Ӕз дын уӕлзонды фӕндаг бацамондзынӕн,
раст фӕндагыл дӕ акӕндзынӕн.
12Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ цыды къуылымпы не’ййафдзынӕ,
куы азгъорай, уӕд нӕ фӕкӕлдзынӕ.
13Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ ныууадз,
хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уый мидӕг ис.
14Ӕнӕхуыцӕутты фӕндагыл ма ныллӕу,
фыдгӕнджыты фӕндагыл ма ацу,
15фӕзил дзы, ма йыл цу, аздӕх, ацу йӕ рӕзты.
16Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой,
уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы,
искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной,
уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.
17Фыдракӕндтӕй сӕхи бафсадынц дзулау,
ӕмӕ тыхмитӕ сӕнау нуазынц.
18Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды’нгӕс,
цалынмӕ бынтон не’рбабон ис,
уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;
19ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы’нгӕс,
цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
20Мӕ лӕппу! Байхъус мын мӕ ныхасмӕ,
мӕ ныхӕстӕм мын байхъус лӕмбынӕг.
21Дӕ цӕст сӕ ма ис, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф бавӕр,
22уымӕн ӕмӕ уыдон, чи сӕ схайджын ис,
уымӕн цард дӕттынц, ӕгас буарӕн — ӕнӕниздзинад.
23Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн —
царды гуырӕн уый у.
24Сайӕн ныхас ма ссӕуӕд дӕ дзыхӕй,
мӕнг ныхас де’взагӕй фӕсур.
25Дӕ цӕстытӕй размӕ кӕс,
дӕ цӕстӕнгас размӕ сараз.
26Дӕхицӕн раст фӕндаг айгӕрд,
ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты ӕдас.
27Дӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ма кӕн,
ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз.
Copyright information for OssIBT2022