Proverbs 5
1Мӕ лӕппу, байхъус мӕ куырыхон зондмӕ, дӕ хъус мӕм ӕрбадар,2цӕмӕй схайджын уай дардуынӕг зондӕй
ӕмӕ дӕ дзыхӕй зонынад хъуыса.
3Искӕй усӕн йе’взагӕй мыд тӕдзы,
йӕ ныхӕстӕ сойӕ фӕлмӕндӕр сты,
4фӕлӕ дын фӕстӕдӕр скъӕлдзойау мастад скӕндзӕн,
дыкомыг цирхъ дын фестдзӕнис.
5Йӕ къӕхтӕ уырдыгмӕ хизынц мӕлӕтмӕ,
йӕ къахдзӕфтӕ — мӕрдтыбӕстӕм арӕзт.
6Уый царды фӕндагыл нӕ хъуыды кӕны,
йӕ фӕндӕгтӕ куыд фӕлдурӕджджын сты,
уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ зоны.
7Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ,
мӕ ныхӕстыл мын уӕхи ма атигъ кӕнут.
8Дӕхи дзы хъахъхъӕн,
ӕввахс ма цу йӕ къӕсӕрмӕ,
9науӕд дӕ хъарутӕ искӕуыл фӕуыдзынӕ,
дӕ царды бонтӕ ӕнауӕрдонтыл бахардз кӕндзынӕ;
10дӕ хъаруйӕ ӕцӕгӕлӕттӕ бафсӕддзысты,
дӕ фӕллӕйттӕ кӕйдӕр хӕдзармӕ’рхаудзысты.
11– 12Дӕ царды кӕрон дӕ буар куы батайа,
уӕд хъӕрздзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ:
„Зондамынд мын ӕнӕуынон цӕмӕн уыди,
уайдзӕфтыл ӕнӕввӕрсон цӕмӕн уыдтӕн?
13Цӕуылнӕ хъуыстон мӕ ахуыргӕнджытӕм?
Мӕ зондамонджытӕм мӕ хъус цӕуылнӕ’рдардтон?
14Иу къахдзӕф ма мӕ хъӕуы,
ӕмӕ’ппӕт адӕмы раз фӕхудинаг уыдзынӕн“.
15Дӕхи донуаты цы дон ис ӕмӕ
дӕхи цъайӕ цы дон кӕлы, уый нуаз.
16Дӕ дӕттӕ уынгты цӕмӕн хъуамӕ акӕлой,
фӕзты лӕсӕнтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной?
17Дӕхи уӕнт ӕрмӕстдӕр, искӕимӕ сӕ ма дих кӕн.
18Дӕхи донгуырӕн арфӕгонд уӕд,
де’рыгон бонтӕй дын цы бинойнаг ис, ууыл цин кӕн.
19Уарзон хъуаз, зӕрдӕйӕн адджын сычъи!
Йӕ риутӕй дӕ’фсадӕд ӕдзухдӕр,
йӕ уарзтӕй йын иудадзыг расыг куыд кӕнай, афтӕ.
20Мӕ лӕппу, цӕмӕн расыг кӕныс дӕхи искӕй усӕй,
йӕ астӕуӕн ын хъӕбыстӕ цӕмӕн кӕныс?
21Дунедарӕг адӕймагӕн йӕ алы фӕндаг дӕр уыны,
йӕ алкӕцы фӕндагмӕ дӕр ын Йӕ цӕст дары.
22Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы,
йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
23Зондамонӕг ын нӕ фӕцис, ӕмӕ фесӕфы,
йе’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндагыл адзӕгъӕл вӕййы.
Copyright information for
OssIBT2022