Proverbs 7
1Мӕ лӕппу, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар,мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ма ферох кӕн.
2Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕрдзынӕ,
мӕ зондамынд мын цӕстыгагуыйау хъахъхъӕн.
3Де’нгуылдзтыл сӕ къухдарӕнау дар,
дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс.
4Уӕлзондӕн зӕгъ: „Мӕ хо дӕ!“,
зондимӕ хӕстӕгдзинад бакӕн.
5Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты искӕй усӕй,
моймӕдзыд сылгоймаджы рӕвдауӕн ныхӕстӕй.
6Иу хатт мӕ хӕдзары рудзынгӕй кастӕн;
згъӕрхызы уылты кӕсын, ӕмӕ
7хуымӕтӕг адӕмы астӕу, фӕсивӕды’хсӕн,
иу ӕнӕзонд лӕппуйы бафиппайдтон.
8Хъахбай сылгоймаг цы уынджы царди,
уым хъеллау кодта, йӕ хӕдзары’рдӕм ын фӕцӕйцыд.
9Хур аныгуылд, изӕрмилтӕ’рбахъуызыдысты, баталынг.
10Уалынмӕ дын йӕ размӕ иу сылгоймаг
хӕтаг сылы дарӕсы рацӕуы —
11мӕнгард, ӕнӕнцой ӕмӕ къӕйных,
йӕ бон хӕдзары бадын кӕмӕн нал у, ахӕм.
12Куы уынгты зилы, куы фӕзты, алы тигъыл дӕр хъахъхъӕны.
13Фӕлӕбурдта йӕм, аба йын кодта,
ӕнӕфсармхуызӕй йӕм дзуры:
14„Абон ӕз фидыды нывӕндтӕ’рхастон,
мӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтон.
15Дӕ размӕ дӕр уымӕн рацыдтӕн,
агуырдтон дӕ ӕмӕ дӕ ссардтон.
16Мӕ хуыссӕныл ӕмбӕрзӕнтӕ байтыдтон,
хуызджын мысыраг хъуымӕцтӕй йӕ сфӕлыстон,
17бапырх ӕй кодтон миррӕ, алой ӕмӕ корицӕйӕ.
18Рацу мӕм, боныцъӕхтӕм кӕрӕдзийы рӕвдаудзыстӕм,
нӕ уарзты мондӕгтӕ суадздзыстӕм.
19Мӕ лӕг хӕдзары нӕй, дард балцы ацыди.
20Ӕвзистӕй йедзаг чыссӕ йемӕ ахаста,
цалынмӕ мӕй цалхыдзаг суа, уӕдмӕ не’рыздӕхдзӕн“.
21Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта,
адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.
22Лӕппу араст ис йӕ фӕдыл —
гал ӕргӕвдӕнмӕ куыд фӕцӕйцӕуы,
саг къӕппӕгмӕ куыд фезгъоры,
23цалынмӕ фат йӕ игӕрыл нӕ сӕмбӕлы, уӕдмӕ;
маргъау тӕхы ахсӕн хызмӕ,
уым йӕ мӕлӕт кӕй ссардзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ.
24Уӕдӕ мӕм байхъусут, лӕппутӕ,
мӕ ныхӕстӕм мын байхъусут лӕмбынӕг.
25Ма бауадз дӕ зӕрдӕ йӕ фӕндагмӕ фӕзилын,
йӕ цӕуӕнтыл ын хъеллау ма кӕн,
26уымӕн ӕмӕ йӕ амӕттаг бирӕтӕ баисты,
бирӕ адӕмы фесӕфта.
27Йӕ хӕдзар — фӕндаг мӕрдтыбӕстӕм,
ингӕнмӕ дӕ батӕрдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022